Æрдзы националон агентад  22-æй 24 марты  онг Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг  боныгъæды фæдыл рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн
Æрдзы националон агентад 22-æй 24 марты онг Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг боныгъæды фæдыл рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн

Æрдзы  националон агентад  Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг   боныгъæды фæдыл  рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн.

Синоптикты хъусинагæй, 22 мартæй   24  марты сæумæрайсоммæ Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  у  къæвда,  уæлхох  зонæты митуарын, ранæй-рæтты  тыхджын, афтæма  мигъ.

«Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырттæ, Гуырдзыстоны цæугдæттыл, гæнæн ис  расайа доны  бæрзæнды нысаниуæгджын   рæзт, къуыппытæ бынæтты  сыджыт-лæсæнон  процессты   сæвзæрд-активаци,  æрмæст уæлхох регионты   зæйты сæвзæрд.  Мигъджын бонты тыххæй,  гæнæн ис  автомобилон фæндæгты  бæргæ фадгуытыл   арæнгонд  æрцæуа  транспорты  змæлд» – банысангонд у  æрдзы националон агентады.