Æрдзы фарстаты фæдыл националон агентады информацийæ, 22 ноябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг  у къæвда, уæлхох регионты та -  митуард
Æрдзы фарстаты фæдыл националон агентады информацийæ, 22 ноябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, уæлхох регионты та - митуард

Æрдзы националон агентад 20-22 ноябры  Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  бонвæткы  фæдыл  информаци публикаци кæны.

Агентады хъусинагæй, 20 ноябрæй  22 ноябры онг  Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  у къæвда,  уæлхох регионты   митуард, ранæй-рæтты  тыхджын,   тымыгъ,  гæнæн ис  уа   зæй, ныгуылæны æрдæм   фидар уад, денджызыл 4-5 баллы тыхы  шторм.

«Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ Гуырдзыстоны цæугæдæттыл гæнæн ис донивылдтытæ  расайа, æрмæст къуыппытæ зонæты  сыджыт-лæсæнон процессты сæвзæрд-активаци.  Хохджын æмæ уæлхох регионты  æнхъæлмæкæсинаг митуарды, тæсы тасы,  тымыгъы тыххæй, автомобилон фæндæгты бæрæг  фадгуытыл  гæнæнæн ис транспорты  змæлд уа арæнгонд» –  хъусын кæнынц  æрдзы фарстаты фæдыл  националон агентады.