Æнæзакъонон формиргонды саразыны, къухдариуæг кæныны æмæ уым уæнг суæвыны фактыты тыххæй, мидхъуыддæгты министрад рывнæлдта фæдагуырдмæ
Æнæзакъонон формиргонды саразыны, къухдариуæг кæныны æмæ уым уæнг суæвыны фактыты тыххæй, мидхъуыддæгты министрад рывнæдта фæдагуырдмæ Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 223-аг статийы фыццаг хайæ.
Уый фæдыл МХМ-ы фидиуæны у банысангонд.
«Дзыллæйæн бакой кæндзыстæм, цæмæй æнæруадзгæ у, закъонон паддзахадон структурæты ивæг, кæцыфæнды формиргонд саразын, йæ къухдариуæг кæнын, уым уæнг суæвын кæнæ йæ саразыны æрдæм сидт.
Афтæма, бæстæйы æхсæнадон сæрфад æрфидар кæнын закъонæй æрмæстдæр мидхъуыддæгты министрады функци у. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, куыд полицийы, афтæ æндæр паддзахадон уагдæтты функцийы сыххæсты кæцыфæнды архайд, æнæаргъæвгæйæ цæхгæр кæрон скæндзыстæм.
Тыхмийы, полицимæ æнæкоммæгæсы æмæ закъоны састы алкæцы фактыл, министрадмæ уыдзæн æмбæлон реакци.
Фæдæвзарæны фæлгæтты уагъд æрцæудзæн алы хъæугæ фæдæвзарæн мадзал æмæ æрцæудзæн гæнæн фыдракæндгæнæг алы гоймагы архайдæн барадон аргълæвæрд», – банысангонд у МХМ-ы фидиуæны.
Бизнесмен Леван Васадзе, Верейы паркъы уагъд акцийыл, райъхусын кодта, цæмæй зæгъгæ «Тбилиси Прайды» ныхмæ, Тбилисы адæмон балты организацидзинад сырæздзæн.
«Ацы балты структурæ уыдзæн хуымæтæг, иерархион, кæрæдзиуыл баст æмæ кæрæдзи дæлбар уæвæг», – райхъусын кодта Леван Васадзе.
Афтæма, Васадзе баздæхт полициæгтæм – «Канцелярийы цур цы сарызтат, уый фадат уын нал ратдзыстæм, иу адæймагы æрцахсын дæр уын нал бауадздзыстæм».