Æнæзакъонон формиргонды  саразыны, къухдариуæг кæныны æмæ уым уæнг суæвыны фактыты тыххæй, мидхъуыддæгты министрад рывнæлдта  фæдагуырдмæ
Æнæзакъонон формиргонды саразыны, къухдариуæг кæныны æмæ уым уæнг суæвыны фактыты тыххæй, мидхъуыддæгты министрад рывнæлдта фæдагуырдмæ

Æнæзакъонон формиргонды  саразыны, къухдариуæг кæныны æмæ уым уæнг суæвыны фактыты тыххæй, мидхъуыддæгты министрад рывнæдта  фæдагуырдмæ  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы 223-аг статийы  фыццаг хайæ.

Уый фæдыл  МХМ-ы   фидиуæны  у банысангонд.

«Дзыллæйæн бакой кæндзыстæм, цæмæй  æнæруадзгæ  у,  закъонон  паддзахадон  структурæты ивæг, кæцыфæнды  формиргонд саразын, йæ къухдариуæг кæнын, уым уæнг суæвын кæнæ  йæ  саразыны  æрдæм сидт.

Афтæма, бæстæйы   æхсæнадон сæрфад  æрфидар кæнын  закъонæй  æрмæстдæр   мидхъуыддæгты министрады функци у.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр,   куыд полицийы, афтæ  æндæр  паддзахадон уагдæтты   функцийы  сыххæсты  кæцыфæнды архайд, æнæаргъæвгæйæ  цæхгæр кæрон скæндзыстæм.

Тыхмийы,  полицимæ æнæкоммæгæсы æмæ   закъоны састы  алкæцы  фактыл,  министрадмæ уыдзæн  æмбæлон реакци.

Фæдæвзарæны  фæлгæтты  уагъд æрцæудзæн   алы  хъæугæ   фæдæвзарæн  мадзал  æмæ æрцæудзæн  гæнæн   фыдракæндгæнæг алы  гоймагы  архайдæн барадон аргълæвæрд», –  банысангонд у МХМ-ы фидиуæны.

Бизнесмен  Леван Васадзе, Верейы паркъы  уагъд  акцийыл, райъхусын кодта, цæмæй  зæгъгæ «Тбилиси Прайды»   ныхмæ, Тбилисы  адæмон  балты организацидзинад  сырæздзæн.

«Ацы балты  структурæ уыдзæн хуымæтæг,  иерархион,  кæрæдзиуыл баст  æмæ  кæрæдзи дæлбар уæвæг», – райхъусын кодта Леван Васадзе.

Афтæма, Васадзе   баздæхт полициæгтæм –  «Канцелярийы  цур цы  сарызтат, уый  фадат уын нал  ратдзыстæм,  иу  адæймагы  æрцахсын дæр уын нал бауадздзыстæм».