Æхсæнадон хъахъхъæнæг ныгуылæн Гуырдзыстоны æрдзон фыдбылызты фæдыл фидиуæн публикаци кæны
Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг ныгуылæн Гуырдзыстоны æрдзон фыдбылызты фæдыл расидæн публикаци кæны.
Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, æхсæнадон хъахъæнæг хъыг кæны Гуры æрдзон фыдбылызты фæстиуæгæн зианбаййафджыты тыххæй.
Уымæй дарддæр ма, Леван Иоселианийы ныхасмæ гæсгæ, куыд централон, афтæ дæр бынæттон хицауад иумæ хъуамæ сæххæст кæной æмбæлон мадзæлттæ, се æхсæн æрдзон факторты аххосæй уæлвæткон уавæрты рæстæджы дæр.
«Фыццаджы дæр, Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг хъыг кæны Гуры æрдзон фыдбылызты фæстиуæгæн зианбаййафæг адæймæгты тыххæй æмæ фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæн тæфæрфæс кæны». Ныридæгæн бирæнымæц хъусынгæнинæгтæ цыдысты Гуры регионы хъæутæ æддагон дунейæ кæй ахицæн сты æмæ æмбæстæгтæ, се æхсæн ацæргæтæ æмæ сывæллæттæ, кæй бахаудысты уæззау уавæры (электроэнергийы ахицæн, хæлцады цухдзинад, цæрæн хæдзæртты ныккæлыны/ныппырх кæныны тæссагдзинæдтæ), афтæ дæр зианбаййафæг æмбæстæгты тыххæй. Æхсæнадон хъахъхъæнæг нысан кæны, цæмæй куыд централон, афтæ бынæттон хицауадтæ дæр, закъондæттынадмæ гæсгæ, хъуамæ æххæст кæной æмбæлон вазыгджын мадзæлттæ иумæйаг тыхтæй æмæ æмбæлон ресурстæй пайда кæнгæйæ, уыцы нымæцы æрдзон факторты аххосæй æнæнхъæлæджы уавæрты, цæмæй хъахъхъæд æрцæуой адæймаджы цард, æнæниздзинад, алфамбылай æмæ исбон. Гуры æмæ æндæр регионты тыхджын ихуардæй расайгæ карз проблемæтæ ноджы иу хатт раргом кодтой æрдзон фыдбылызты фæдыл профилактикон æмæ фæдæвзарæн мадзæлтты æнæэффективондзинад, кæцы фыццаджы дæр баст у уæлвæткон уавæрты къухдариуæг кæнынимæ, тæссагдзинæдты рабæрæг кæнынимæ, æмæ муниципалитеттæн характерон рискътæ хынцгæйæ рискъы æмбæлон управленийы плантимæ. «Уый комкоммæ баст у адæймагы цард, æнæниздзинад, æдас уавæры цæрыны æмæ исбоны барты хъахъхъæды интерестимæ æмæ Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг дарддæр кæны йæ мандаты фæлгæтты сæ хъахъæды цæстдард» – ис фыст æхсæнадон хъахъæнæгы расидæны.