Æхсæнадон хъахъхъæнæг рапарахат кодта расидæн цæугæ фæдагуырдон архайдтыты фæдыл
Æхсæнадон хъахъхъæнæг рапарахат кодта расидæн цæугæ фæдагуырдон архайдтыты фæдыл

Æхсæнадон хъахъхъæнæг хъусын кæны цæугæ фæдагуырдон архайдтыты фæдыл.

Фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, фæдагурæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æнахъомтæн зиан ма æрцæуа, уый тыххæй алы гæнæн мадзæлттæ дæр хъуамæ æххæст æрцæуой.

“Æхсæнадон хъахъхъæнæг амоны фæдагурæн мадзæлттæм, кæцытæ уагъд цыдысты цалдæр хæдзары, цыран уыдысты æнахъомтæ, афтæ хуынæг Фондты хъуыддаджы фæдыл цæугæ фæдагуырды фæлгæтты. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фæдагуырдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы хъуамæ æппæт гæнæн мадзæлттæ дæр æххæстгонд æрцæуой, цæмæй æнахъомтæн ма æрцæуа зиан. Уый тыххæй барадхъахъхъæнæг органтæ сты хæсджын уавæр рагацау сбæрæг кæнын æмæ саразын æдас уавæр æнахъомæн, æмæ рагагъоммæ фехъусын кæныны фадат куы нæ уа, уæд æнахъомы цæугæ процесстæй рæстæгыл аиуварс кæнын, бинонты уæнг, хæстæг кæнæ æууæнкджын адæймаджы бастдзинадимæ Кæд уый гæнæн нæй, уæд æххæст кæнын социалон кусæг æмæ психологы бастдзинад.

«Æхсæнадон хъахъæнæг сбæрæг кæндзæн уæлдæр банысангонд факттæ æмæ райсдзæн алы æмбæлон мадзæлттæ йæ барты фæлгæтты» – ис фыст фидиуæны.

Абон райсомæй цалдæр фонды бындурæвæрæджы фатерты цæуынц басгæрстытæ. Уый фæдыл расидæн рапарахат кодта прокуратурæ дæр.