Æхсæнадон хъахъхъæнæг – 2008 азы хæсты фæстиуджытæ карзæй æнкъарынц куыд оккупацигонд территорийыл баззайæг цæрджытæ, афтæ оккупацион хаххмæ хæстæг чи цæры, уыдон дæр
«17 азы рацыд 2008 азы августы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн хæстæй, фæлæ йæ фæстиуджытæ нырма дæр карзæй æнкъарынц куыд оккупацигонд територитыл баззайæг цæрджытæ афтæ дæр оккупацион хаххыл цæрæг адæймæгтæ», -ис фыст Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæгы (омбудсмены) расидæны, кæцы социалон хызагы публикацигонд у.
Расидæнмæ гæсгæ, уæззау у мидæггагон æрцæуæггæгты уавæр, кæцытæн нырма дæр сæ бон нæу сæ хæдзæрттæм æрыздæхын.
«Ивгъуыд æнусы 90-æм азты æмæ 2008-æм азы хæсты конфликтты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны регистриргонд у 299 172 мидæггагон æрцæуæггаг. Иуæй-иу сеппæтæй нысаниуæгджын проблемæ баззад оккупацийы æрдыгæй арæны афтæ хуынæг æнæзаконон ахизыны тыххæй адæймæгты ахæсты практикæ, куыд оккупацийы, афтæ дæр оккупацийы здæхты оккупацигонд Цхинвалы регион.
Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2008 азæй 2025 азмæ Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакононæй 3594 адæймаг æрцахстой: уыдонæй 2024 оккупацигонд Абхазы æрдæм, 1570 та оккупацигонд Цхинвалы регионы æрдæм. Æнæзакъонон ахстмæ та цы хауы, 2025 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, оккупацигонд Цхинвалы регионы 9 Гуырдзыстоны æмбæстаг баззад, оккупацигонд Абхазы æрдæм та цыппар æмбæстаг.
Афтæ дæр дарддæр кæны оккупацион тыхты æрдыгæй афтæ хуынæг «бордеризацийы» æнæзаконон процесс. Исбоны барты хæлд баззад æрвылбонон проблемæйæ оккупацион хаххыл цæрæг цæрджытæн. Оккупацигонд Цхинвалы регионы æрдæм, уæрæсейаг оккупацион тыхтæ 60 километрæй фылдæр сындзтелгæрæнтæ сæвæрдтой, оккупацигонд Абхазы æрдæм та искусственон барьерты дæргъ 50 километрæй фылдæр у.
Мадæлон æвзагыл ахуырад райсыны фадат оккупацигонд территоритыл серьозон проблемæйæ баззад. Галы æмæ Ахалгоры районты алы скъолайы дæр бынтондæр тобæгонд у райдайæн ахуырад гуырдзиаг æвзагыл, мадæлон æвзаг та ивд цæуы «фæсарæйнаг æвзаг æмæ литературæйы» предметмæ. Уый руаджы ахуырдзауты нымæц афæдзæй-афæдзмæ къаддæр кæны.
Оккупацион режимы æрдыгæй ахæм æнæзаконон архайдтытæ карзæй хæлынц оккупацигонд территоритыл цæрæг цæрджыты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ, кæцы ноджы иу хатт бахахх кæны ацы территоритыл адæймаджы барты цæстдарды æхсæнадæмон мисситы бар раттыны æнæмæнгхъæуындзинад.
Æхсæнадон хъахъæнæг сиды цæттæдзинад фарсыты æхсæн диалогæн фадат раттынæн, афтæ дæр адæймагы барты хъахъæдыл бындурæвæрд инициативæтæн æмæ æрбаввахсдзинæдтæн фарсылхæцындзинадæн», -ис фыст омбудсмены расидæны.