Æхсæнадон хъахъхъæнæг - Цæмæй поляризаци аиуварс уа, уый тыххæй ахсджиаг у, цæмæй баст адæймæгтæ баххуыс кæной ахæм уавæры сырæзтмæ, кæцы ифтонг кæны рæстаг, сабырадон æмæ æмхуызон æвзæрстытæ
Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг 8-æм сентябры Меликишвилийы проспектыл Каха Къаладзейы æвзарæнон штабы цур æрцæугæ ныхмæлæуды фæдыл расидæн парахат кæны.
Æхсæнадон хъахъæнæгы ныхасмæ гæсгæ, поляризаци у системон фарста, кæцы æвзæрстыты агъоммæйы периодимæ æмрæнхъ цæуы, æмæ йæ аскуыддзаг кæныны тыххæй, нысаниуæгджын у, цæмæй баст адæймæгтæ бахæссой сæ хайбавæрд ахæм уавæры сырæзтмæ, кæцы ифтонг кæны рæстадон, сабырадон æмæ æмхуызон æвзæрстытæ.
Уымæй уæлдай ма, æхсæнадон хъахъхъæнæг сиды мидхъуыддæгты министрад æмæ прокуратурæмæ, цæмæй æппæт аххосджынтæ дæр дзуаппмæ æркæной.
«Кæд æмæ æмбырды сæрибардзинадмæ хауы протесты бынат равзарыны бар, уæддæр ацы барæй пайда кæнын ма хъуамæ æркæна æндæр адæймæгты бартæ æмæ æвзарæнон штабы архайды фæфылдæр арæнæвæрдмæ.Уымæ гæсгæ, æхсæнадон хъахъхъæнæг сиды æмбырды хайадисджытæм, кæд æмæ фидæны уыцы бынаты митинг ауадзой (Меликишы проспект, бауромой ахæм архайдтытæй, кæцытæ гæнæн ис æмæ къуылымпы кæной (Гуырдзиаг Бæллиццы) æвзарæнон штабы куыст.
Уыимæ иумæ, æхсæнадон хъахъхъæнæг бахахх кæны, цæмæй хицауад хæсджын у саразын æдас æмæ æххуысгæнæг уавæр сабырадон æмбырды сæрибардзинад æххæстæй спайда кæнынæн. Уый тыххæй гæнæн ис æмæ бахъæуа бынаты фаг нымæц барадхъахъхъæнæг органты кусджыты мобилизаци, рæстæгыл мадзæлттæ райсын, цæмæй сæхи æрдыгæй тыхмийы архайдтытæ ма æруадзой æмæ сæ бауромой, æмбырды хайадисджыты æмæ бынатыл æрæмбырдуæвæг æндæр адæймæгты æхсæн æдас дистанци сифтонг кæнын.
Банысанкæнинаг у уый дæр, æмæ æмбырды рæстæджы, закъондæттынад æвдисы сæрмагонд хъахъхъæды режим бынатыл уæвæг журналисттæн цаутæ æвдисынæн, кæцы æвзæры медийы минæвæртты сæрмагонд рольæй æмбырды тыххæй хæдбар, æнæхин æмæ объективон информаци парахат кæнынæн. Уымæ гæсгæ уæлдай тынгдæр тыхсын кæнынц тыхмийы архайдтытæ æмæ уыдонмæ здæхт сæ архайды къуылымпыдзинад.
Æхсæнадон хъахъæнæг йæ мандаты фæлгæтты йæ цæст дардзæн фæдагуырдмæ. Æхсæнадон хъахъхъæнæг сиды Мидхъуыддæгты министрадмæ æмæ прокуратурæмæ, цæмæй æппæт аххосджынты дæр карз æмгъуыдмæ æркæной тæрхонмæ», – дзырдæуы æхсæнадон хъахъхъæнæджы расидæны.