Æхсæнадæмон  медиафæрæзты минæвæрттæ цæст ахастой  Кутаисы аэропортыл
Æхсæнадæмон медиафæрæзты минæвæрттæ цæст ахастой Кутаисы аэропортыл

The New York Times-ы, BBC-ы, Forbes-ы, Independent-ы, Dazed Magazine-ы, Marie Claire-ы, Sunday Times-ы  æмæ  Sueddeutsche zeitung-ы журналисттæ,  Имеретмæ  пресс-туры  фæлгæтты  сæ цæст ахастой, Кутаисы  Давит Агъмашенебелийы  номыл аэропортыл.

Гуырдзыстоны аэропортты   иугонды   пресс-куысты  информацийæ,   бæрзондрейтингон  æхсæнадæмон  медийы  минæвæрттæ  ранæуæггонд аэропортмæ  æртæхыны  æмæ  атæхыны   залтæ,  афтæма  терраса  айстой æмæ Кутаисы  аэропорты   фадæттимæ æрхонгæ  сты.  Бынатыл сын сфысым кодта Кутаисы  æхсæнадæмон аэропорты менеджер Арчил  Силакадзе.

«Зындгонд   рауагхдадты  минæвæрттæ, Гуырдзыстонмæ  фæуазæг сты  туризмы националон администрацййы хуындæй.  Уыдон   цæст ахастой нæ бæстæйы  æндæр æмæ æндæр рæттыл æмæ Гуырдзыстоны  историон бынæттæ æмæ  гуырдзиаг культурæйы фæдыл   уæрæх статитæ æрцæттæ кæндзысты.

Давит Агъмашенебелийы   æхсæнадæмон  аэропорт Гуырдзыстоны  æртæдæр æхсæнадæмон аэропорттæй иунæг у, кæцыранæй  сегасдæр фылдæр Европаг æрдæмад æххæстæуы.  Ацы  этапыл   Кутаисы  æхсæнадæмон   аэропортæй  комкоммæ  фæндагæй, Европæйы 19 бæстæмæ  абалц кæнын ис  гæнæн.   Гуырдзыстоны аэропортты  иугонд  партнер авиакомпанитимæ иумæ, иудадзыгæй кусы,ц æмæй европаг æрдæмадты  нымæц  2019 азы   нымæцмæ  баввахс кæна.  2022 азы  сæрды  навигацион  сезонмæ, Кутаисæй  Евроцæдисы æрдæмадæй  æмæ  фæстæмæ,   ноджы  цалдæр  комкоммæ  регулярон   рейс  снысан уыдзæн» –   дзырдæуы  Гуырдзыстоны аэропортты иугонды  информацийы.