Ираклий Каркашадзе – цыппæрæм хæдтæхæгы фæрцы Кутаисы аэропорт Wizz Air-ы чысыл базæйæ астæуккаг базæйæ фестад
Ираклий Каркашадзе – цыппæрæм хæдтæхæгы фæрцы Кутаисы аэропорт Wizz Air-ы чысыл базæйæ астæуккаг базæйæ фестад

Кутаисы  æхсæнадæмон аэропорты базæйыæ  Европæйы  сеппæтæй цырд рæзгæ  авиакомпани  «Wizz Air» уæлдæфон  науты  нымæц   цыппары  онг фæфылдæр кодта æмæ  Кутаис-Коппенгаген-Кутаисы  æрдæмадæй комкоммæ  тахтытæ æххæст кæнын райдыдта, – уый фæдыл  информаци  аэропортты  иугонд  хъусын кæны.

Гуырдзыстоны  аэропортты  иугонды генералон диреткоры  Ираклий Каркашадзейы  фидиуæнæй,  зæгъгæ уый  у  ахæм стæм цау, «Wizz Air»  Кутаисы  æхсæнадæмон аэропорты иу  афæдзы мидæг  куы дывæр кæны  базиргонд уæлдæфон науты нымæц  æмæ ног  æрдæмадтæ  бафтауы.

«Фæнды мæ  æппæт Гуырдзыстонæн  раарфæ кæнон   Евроцæдисы статус райст.  Символон у, цæмæй абон 27-æм æрдæмадæй, райдыдта  тахтытæ Кутаисæй  Евроцæдисмæ.  Коппенгаген, у ноджы иу ног   æрдæмад Кутаисы æхснадæмон аэропортæн, цæмæй  бæлццæттæ  фылдæр комфортонæй æмæ уæлбарджынæй  балц кæной  Европæйы æрдæм. Цыппæрæм базиргонд   нау нын ратта фадат   Кутаисы  аэропорты Wizz Air-ы чысыл базæйæ  астæуккаг  асы базæйæн фестын кодтаиккам. Кæцы  дарддæры  стабилон  айрæзты æмæ рæзты  разæууæл у», –  райхъусын кодта Ираклий Каркашадзе.

Ираклий Каркашадзейы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт у  тынг рæзæ æмæ бæрзонд æркуырд кæуыл  ис  ахæм аэропорт æмæ Гуырдзыстонæй  Европæмæ  сеппæтæй  фылдæр комкоммæ  æрдæмадæй   авиазмæлд  растдæр Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй   цæуы æххæст.