«Wizz Air» Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй, регулярон рейстæ, Брюсселы, Мадриды, Франкфурты, Гамбургы æмæ Познаны æрдæмадæй  сæххæст кæндзæн
«Wizz Air» Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй, регулярон рейстæ, Брюсселы, Мадриды, Франкфурты, Гамбургы æмæ Познаны æрдæмадæй сæххæст кæндзæн

Авиакомпани «Wizz Air» Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты  æртыккаг  базиргонд  хæдтæхæгы, 2023  азы   июнæй   рæздахдзæни æмæ комкоммæ регулярон рейстæ  æххæст кæнын райдайдзæн  Европæйы  фондз горæты  æрдæмадæй:  Брюссел, Мадрид,  Франкфурт, Гамбург æмæ Познан.

Гуырдзыстоны  аэропортты  иугонд  стратегион   партнеримæ  бадзырдтæ æнтыстджын ауагъдта.  «Wizz Air»-ы  æртыккаг  базиргонд  хæдтæхæг дæтты фадат,  ног æрдæмадтæй  дарддæр ма,  уæвæг   æрæдамтыл   тахтыты арæхад  сбæрзонддæр кæнын, афтæма ратдзæн   уæлæмхас  куыст бынæттæ.

Гуырдзыстоны аэропортты иугонд директор, Тамар Арчуадзейы  фидиуæнæй,   фондз  æрдæмадæй  дæр, Кутаисы  æхсæнадæмон аэропортæй  комкоммæ регулярон  рейстæ  къуырийы  дыууæ хатт  сыххæст уыдзæн. Паризы, Миланы, Прагæ æмæ Мемингемыл уæвæг   архæйдтæм та, бафтаудзысты ноджы  иу.

2022 азы 11  мæйы  бæрæггæнæнтæй, авиакомпани  «Wizz Air» балæггад кодта  550  мины онг бæлццонæн.  2023 азы  июнмæ, æмтгæй  райсгæйæ, «Wizz Air»  Кутаисæй  Европæ æмæ Æввахс Скæсæны  27 æрдæмадæй   тæхдзæн.