Гуырдзыстоны аэропортты иугонд – 2023 аы Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт рекордон нымæцы, 1 671 016 бæлццонæн балæггад кодта
Гуырдзыстоны аэропортты иугонд – 2023 аы Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт рекордон нымæцы, 1 671 016 бæлццонæн балæггад кодта

2023 аз Кутаисы æхсæнадæмон  аэропортæн  йæ уæвыны  дæргъы   историон уыд, – уый фæдыл  информаци Гуырдзыстоны аэропортты иугонд хъусын кæны.

Афтæма сæ хъусинагæй, ивгъуыд  азы Давит Агъмашенебелийы номыл аэропорты  бæлццæтты  къадайы  2022  азимæ абаргæйæ 103%-æй райрæзтис æмæ 1 671 017 бæлццонæн балæггад кодта (2022 аз 822 486 бæлццон).

«2023 аз рекордон уыдис  Кутаисы аэропортæн рейсты нымæцы æрдгæй  дæр.  Кутаисы  æхсæнадæмон  аэропорт 2023 азы  январ-декабры 5 040 рейсæн балгæггад  кодта, кæцы 2022 азы аналогион  периодимæ абаргæйæ 57%-æй фылдæр у.  (2022 азы январ-декабры 3 220 рейс).

2023 азы  декабры  мæйы бæрæггæнæнтæй та, ацы  периоды Кутаисы æсхæнадæмон аэропорт 157 092 бæлццонæн балæггад кодта. Кæцы 2022 азы  декабры  85%-æй  фылдæр у. (2022 азы декабр 85 008 бæлццон).

2023 азы декабры мæйы Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт райста æмæ ауагъдта  538  рейсы.  Кæцы  76%-æй фылдæр  у 2022 азы аналогион периодимæ абаргæйæ  (2002 азы декабры – 306 рейс).

2023 азы 16 декабрæй Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты Wizz Air-ы цыппæрæм   хæдтæхæгæй  æмæ Копенгагены æрдæмад бафтыдтой. Æрмæст   19 декабрæй та  аэропорты  кусын райдыдта  «Pegasus Airlines»  æмæ Стамбул-Тбилис-Стамбулы æрдæмадæй  тахтытæ  къуырийы мидæг æртæ хаттонæй æххæст кæны», –  банысангонд у аэропортты иугонды  информацийы.

Гуырдзыстоны аэропортты иугонды хъусинагæй, ацы этапмæ  Кутаисы æхсæнадæмон  аэропортæй  фондз авиакомпани  æххæст кæны тахтытæ.  Рейстæ 20 бæстæйы 39 æрдæмадæй цæуынц.