Кутаис æмæ Паризы æхсæн комкоммæ уæлдæфон змæлд сног ис

17:19, 04.08.2022

 

Авиакомпани «Wizz Air» амæйразмæ  сыххæст кодта  рейс  Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй   Паризмæ,  лайнерæй  «AIRBUSA 320», – хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны аэропортты  иугонды.

Уагдоны информацийæ,   Кутаисæй   Францы  сæйраг  горæтмæ  атахтысты  154  бæлццоны.Сноггонд  рейсы фыццаг бæлццæттæн, Гуырдызстоны аэропортты  иугонды минæвæрттæ байуæрстой   символон   лæвæрттæ,

Кутаис-Париз-Кутаисы  хаххыл, ацы   этапыл «Wizz Air»  тæхдзæнис  куъырийы мидæг иу хатт.

1-аг августæй «Wizz Air»  æрыздæхта дыккаг хæдтæхæг, кæцы  уыдис   Кутаисы æхсæнадамон аэропорты æмæ сног кодта рейсытæ  Эстони æмæ Францмæ.

Хуыздæр