Кутаисы аэропорты бæлццæттæн  поезды билеттæ  авд боны дæргъы лæвар  уыдзысты
Кутаисы аэропорты бæлццæттæн поезды билеттæ авд боны дæргъы лæвар уыдзысты

Гуырдзыстоны  æфсæнвæндаджы   лæвар   Кутаисы  аэропорты бæлцæттæн: алы  æмбæстаг, кæцы Куатисы   аэропортмæ  æртæхдзæн, кæнæ Кутаисæй  аэропортæй æндæр æмæ æндæр рдæм  абалц кæндзæн, Гуырдзыстоны æфсæнвæндагæй  поезды билеттæ  æнæфидгæйæ  райсдзæн.

Æфсæнвæндаджы  пресс-кусты информацийæ, 30  апрелæй   авд боны дæргъы  алы бæлццон  кæцы  Кутаисы аэропортæй  авиабилет æфсæнвæндаджы  кассамæ бавдисдзæн, Тбилисæй, Зугдидæй, Батумæй, Потæй æмæ Озургетæй  Копитнармæ, æмæ Копитнарæй  та  Тбилисы, батумы, Зугдиды, Поты æмæ  Озургеты æрдæм,  –  лæварæй  балц  кæндзæн.

Хицауады специалон  барамындæй,  ранæуæггонд  станцæйæ  Кутаисы  аэропорты онг æмæ  аэропортæй  станцæйы рнг, бæлццæты транспортаци ифтонг кæндзæн   Гуырдзыстоны  аэропорттыиугонд. Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй станцæйы  номхуындæй  «Кутаисы аэропорт»  алы  бæлццонон поезд æрлæудзæн», –  хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы.