«Индепендент» Гуырдзыстоны туристон потенциалы фæдыл статья публикаци кæны – «Гуырдзыстоны сæйраг сахары æхсæз хуыздæр хъуыддаг»
«Индепендент» Гуырдзыстоны туристон потенциалы фæдыл статья публикаци кæны – «Гуырдзыстоны сæйраг сахары æхсæз хуыздæр хъуыддаг»

Британийы рауагъдад The ​​Independent публикаци кæны статья Гуырдзыстоны туристон потенциалы фæдыл.

Хæдбар журналист Шон Мултон Гуырдзыстонмæ туризмы националон администрацийы пресс-туры фæлгæтты абалц кодта.

Шон Мултон публикацийы кæсджытæн ныхас кæны Лондонæй Тбилисмæ ног комкоммæ рейсты фæдыл æмæ цы ссардзысты бæлццæттæ Гуырдзыстоны сæйраг сахармæ æрцæугæйæ.

«Европæ æмæ Азийы тигъыл уæвæг чысыл бæстæ, Гуырдзыстон у дунейы сеппæтæй рагондæр сæны райгуырæн бæстæ.Гуырдзыстон хицæн кæны йæ хъæздыг æрдзæй, Сау денджызы былгæрон æмæ Кавказы хæхтæй.5-æм æнусы бындурæвæрд Тбилис зындгонд у йæ алыхуызон архитектурæйæ, кæцы æвдисы йæ змæст истори, кæцыйы сконды ис астæуккаг æмæ советон эрас.Кæд æмæ Тбилисмæ бабæрæг кæнынмæ хъавут, уæ ​​бон у базонгæ уат мæ æвзæрст фенддаг бынæттимæ», – фыссы Шон Молтон æмæ кæсæджы базонгæ кæны статьяимæ – базар, Тбилисы аивадон музей, Зурабы Церетелийы цырт – Гуырдзыстоны хроникæ, Резо Габриадзейы Марионеткæ æмæ Гуырдзыстоны сахаты мæсыг æмæ Балиты мæсыг.

«Ацы уалдзæджы дыууæ авиакомпанийы баиу кодтой Лондон Кавказы зæрдæмæ, Тбилисимæ.Британийы авиакомпани къуыри цыппар рейсы аразы Хитроуы аэропортæй, EasyJet та къуыри дыууæ хатты тæхы Лутоны аэропортæй», – фыссы Independent-ы журналист.

Информаци туризмы националон администраци парахат кæны.