Arab News Гуырдзыстоны туристон потенциалы фæдыл фыссы – «Гуырдзыстоны цæппузыр; балц Тбилисмæ»
Arab News Гуырдзыстоны туристон потенциалы фæдыл фыссы – «Гуырдзыстоны цæппузыр; балц Тбилисмæ»

Сауды Аравийы æмæ  Персы бакæлæны бæстæты иуæй-иу сеппæтæй  популярон рауагъдад «Arab News»  фыссы  Гуырдзыстоны туристон потенциалы тыххæй.

Рауагъдады  журналист  Шаситахан  Гуырдзыстоны балц кодта  туризмы  национ  администрацийы   пресстуры  фæлгæтты.

«Гуырдзыстон Аравийæн æнæзонгæ  нæу, 2022 азы  ацы бæстæмæ Персы бакæлæны  бæстæтæй  140 минæй  фылдæр  резидент фæуазæг ис, уыдонæй  визиторты  79% Сауды Аравийæ   уыдысты. Æртæ æмæ æрдæг сахатон тахты  фæстæ,  Персы бакæлæны  регионæй  Гуырдзыстонмæ ныццæугæ туристтæ   европаг æмæ  азийаг культурæты симбиоз ыссардзысты. Руставелийы проспектыл  сымах ссардзыстут  куыд неоклассикон архитектурæ, мавритайнаг,  оперæйы бæстыхай, афтæма советон   эпохæйы   бæстыхæйттæ, кæцытæ  трансформаци бавзæрстой  æмæ ам  кафетæ кæнæ  креативон  тыгъдадтæ  сты арызт.

Бонджын культурон бындарадимæ иумæ  æндæр аххосæгтæ дæр ис, кæцы туристы ацы бæстæмæ ласы.  Митæй æмбæрзт  Кавказы ххæхтæ, сымахæй  дард никуы  ысты.  Æнæхъæн азы дæргъы  Кавкасионы хæхты  къахдзоныгътыл  æмæ сноубордтыл   бырынæн   диссаджы  бынат у. Бынæттонтæ уазæгуарзаг адæм сты, ам  æнцон у хæрзад хæринæгтæ ссарын  æмæ адæмимæ ныхас кæнын», – фыссы  Шаистахан.

Статиайы радзырд ис Метехийы, Абанотубаны, Нарихъалайы, Тбилисы ботаникон  паркы,  сур хиды æмæ базары  фæдыл.

«Нарихъалайы фидары бын   ис Абанотубани. Ам ис æхсæз религион  институт.  Сымах ссардзыстут   гуырдзиаг рæстдинон аргъуан, католикон, сомихаг григорианон аргъуантæ, мæзджыт, синагогæ  æмæ  зороастрион  арты аргъуан», – фыссы   автор.

Arab News-æн социалон хызæгты  милуаны онг   рафыссæг ис. Рауагъдад  популярон у Сауды Аравийы, Иугонд Арабаг Эмиратты, Кувейты, Катары, Бахрейны æмæ Оманы.

Информаци хуъсын кæны туризмы националон  администраци.