Bloomberg-ы платформæйыл Гуырдзыстоны туристон потенциалы фæдыл æрцæттæ ис видео

Гуырдзыстоны  туризмы  националон администрацийы маркетингон кампанийы фæлгæтты «Bloomberg»-ыл номдзыд ютубертæ, Джейм  Поул  Спарфорд  æмæ   Бенджамин  Девид Эбрел  Кахеты  фæдыл   видео  æрцæттæ  кодтой.   Алæвæрд «Sorted Food»-ы акæнджытæ  Гуырдзыстоны «Bloomberg»-имæ балц кодтой.

Видеойы  – «Glimpses of Georgia: Kakheti», Кахеты  туристон   бынæттæ равдыстой.  «Sorted Food»-ы  акæнджытæ  чурчхелатæ аразыны,  дзул кæныны æмæ  сæнæфсирдуцыны  райстой хайад. Æртæминутон  видеойы  æвдыст сты Кахеты  сæндæттæ æмæ   ныккæндтæ.

Алæвæрдæн «Sorted Food», Youtube-ыл ис 2,7 милуан   рафыссæг. Sorted Food-ы  бал «Bloomberg»-ы кампанийы фæлгæтты Youtube-ы фæлхасгæнджтæн Гуырдзыстоны  туристон æрдæмад, культурæ, гуырдзиаг  хæринæгты æмæ сæны  зонгæ  кæнынц.

Туризмы националон администрацийы  масштабон  маркетингон  кампанийы  фæлгæтты «Bloomberg»  Гуырдзыстоны фæдыл  статийы æмæ видеотимæ иумæ  ноджы  публикаци скæндзæн имиджон репортаж  Цæуы рекламон   кампани  социалон медиаы (Facebook, Twitter, Instagram, Youtube, TikTok), кæцы  афæдзы кæронмæ аххæсдзæн.

«Bloomberg»-ыл  маркетингон кампанийы нысан у Гуырдзыстоны  Дунейы  æндæр æмæ æндæр бæстæтæй  бирæхардзгæнæг туристты æрласын.