Планон реабилитацион куыстыты тыххæй, Кутаисы  аэропортæй 10-24 октябры периоды   тахтытæ  нæ сыххæст уыдзысты
Планон реабилитацион куыстыты тыххæй, Кутаисы аэропортæй 10-24 октябры периоды тахтытæ нæ сыххæст уыдзысты

Гуырдзыстоны аэропортты иугонд Кутаисы   æхсæнадæмон аэропорты  стæхæн-æрбадæн хаххы   реабилитаци план кæны.  Планон  инфратсруктурон  проект  10 октябрæй  24 октябр хынцгæйæ  сыххæст уызæн. Цалцæгон  куыстытæ  ауадздзысты  стæхæн-рбадæн хаххы  бындуры фадыгæн, цæй  тыххæй  дæр  ацы периоды  Кутаисы аэропорты   тахтытæ  нæ  сыххæст уыдзысты  æмæ  аэропорт  дыууæ къуырийæ  æрыхгæндзысты.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны  аэропортты иугонд.

Гуырдзыстоны  аэропортты   иугонды   директор Тамар  Арчуадзейы  фидиуæнæй,   плангонд у   Кутаисы  æхсæнадæмон   аэропорты  2,5  км  стæхæн  хаххы  æххæст  планон   реабилитаци. Уыцы авиакомпанитæ та, кæцытæ  Кутаисы  аэропорты   архайынц,  сæхæдæг рахæсдзысты  уынаффæ,  реабилитацийы периоды  Гуырдзыстоны  æндæр аэропортты  адарддæр кæной тахтытæ æви  дыууæ къуырийы дæргъы сæ æххæстæй  бауромой.

Кутаисы  аэропорты планон   эродромон   реабилиатцийы тыххæй   аэропортты   иугонд    8 млн ларийы  бæрц  тендеры тыххæй  райхъусын  кодта.  Реабилитаци æххæстæй  компанийы  æфтиæгтæй  цæуы  æххæст.