Æхсæнадæмон  доннортæ  Молдовæйæн украинаг лигъдæтты райсынæн 695 милуан  евро рауалдай кæндзысты
Æхсæнадæмон доннортæ Молдовæйæн украинаг лигъдæтты райсынæн 695 милуан евро рауалдай кæндзысты

Молдовæйæн  æхсæнадæмон  доннортæ  украинаг лигъдæтты райсынæн 695 милуан  евро рауæлдай кæндзысты.  «Дойче Велле»  куыд  фыссы  афтæмæй,   уый фæдыл  Германийы  фæсарæн хъуыддæгты министр, Аналена  Бербок  румынаг  æмæ  францаг коллегæтимæ, афтæдæр  Молдовæйы  премьер-министримæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министримæ  лæвæрд иуæймаг  пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

Германи  дыццæджы  сфысым кодта Молдовæйы  æххуысы фæдыл ацæугæ  æхсæнадæмон  доннорты конференцийæн.  Молдовæ иу  удгоймаг æмбæстагыл  сегасдæр фылдæр   украинаг лигъдоны райста. Ацытæккæ  Молдовæйы 100  мины онг украинаг  лигъдон уæвы.

«Мах стыхджын кæндзыстæм Молдовæ финансон сферæйы дæр.  Ацы этапмæ  æрныхас кодтам   баххуыс кæнæм  Молдовæйæн  кредиттæй, бюджетон  æххуысæй  æмæ æндæр финансон  фæрæзтæй, 695 милуан евройы бæрц», –  райхъусын кодта Бербок.

Уыимæ Германийы фæсарæн хъуыддæгты  министр   райхъусын кодта, цæмæй европаг   партнерты фæнды,  баххуыс кæной Молдовæйæн  Уæрæсйеыл бастдзинад фæкаддæр кæныны.