Молдовæ Днестргæрон регионы Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй, Уæрæсейы минæварады кусæгы персона нон-гратайæ  банымадта
Молдовæ Днестргæрон регионы Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй, Уæрæсейы минæварады кусæгы персона нон-гратайæ банымадта

Молдовæйы  фæсарæн хъуыддæгты министрад  Днестргæрон регионы  Уæрæсейы президентон æвзæрстыты ауадзыны тыххæй, Уæрæсейы  минæварады  кусæгы  персона нон-гратайæ банымадта.

Фидиуæн  Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты  министр  Михаил Попсой сарызта.

«Молдоваг фарс   спротест кодта  Уæрæсе  Днестргæрон   регионы  кæй ауагьдта   президентон æвзæрстытæ. Дипломаты банымадтам   персона нон-гратайæ», – фыссы Попсой.

Министрады  банысан кодтой, цæмæй Уæрæсейы   минæвармæ нотæ ныридæгæ  уыд лæвæрд, кæцыйæ минæварады  кусæг Молдовæйы  Республикæйы  территорийыл  æнæфæндон   уæнгыл  нымад æрцыд, уымæ  æмбæлгæйæ дæр бæстæ хъуамæ ныууадза.