Германийы хицауад Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы æдас бæстæты  нохыгъдмæ бахаста
Германийы хицауад Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы æдас бæстæты нохыгъдмæ бахаста

Германийы  хицауад Гуырдзыстон æмæ Молдовæ  æдас бæстæты номхыгъдмæ бахаста. Æнысангонд йæ  хъуыдыйы  дары, Германийы  мидхъуыддæгты министр, Нэнси Фезеры  бавдыст закъонопроект, кæцыйы сфидар кодта министрты  кабинет.

Æдас бæстæты  номхыгъдмæ бахæссын нысан кæны уый цæмæй  ацы бæстæты æмбæстæгты  хиæмбæхсæны фæдыл куырдиаты  кæсын бирæ тагъддæр цæудзæн æмæ,  дæуды цауы, фæтагъддæр уыдзæн депортацийы процедурæ.

Германийы мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæй 2022 азы  æмæ 2023 азы фыццаг æрдæджы Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  æмбæстæгты хиæмбæхсæны æркуырды  куырдиæттыл 99,9%-ы æппæрццаг дзуапп  уыдис.  Ивгъуыд азы  Германийы хиæмбæхсæны статус  æркуырдтой Гуырдзыстоны  8 865  æмæ Молдовæйы  5 218  æмбæстаг.