Олав Шольцы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æдас бæстæтыл нымад хъуамæ æрцæуой
Олав Шольцы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æдас бæстæтыл нымад хъуамæ æрцæуой

Германийы канцлер Олаф Шольцы  фидиуæнæй,  зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæ   æдас бæстæтыл  нымад  хъуамæ æрцæуой.  Уый фæдыл Олаф Шольц  Германийы æхсæнадон   Уацхæссæгимæ   уæрæх  интервьюйы   райхъусын кодта.

Журналист  Германийы  канцлеры  бафарста, зæгъгæ  разы  у æви нæ  мидхъуыддæгты министры, Нэнси  Фейзеры   инциативæимæ,  кæцы  депортацийы  уагы  фæкарздæр кæнын дары йæ хъуыдыйы, цæуылдæр Шольц  æвæрццаг дзуапп ратта.

Шольцы фидиуæнæй,   зæгъгæ  хъуамæ арызт уа  къахдзæфтæ,  цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы æдас бæстæтыл  банымад  æрцæуа.

Фæсарæйнаг  бæстæйы æмбæтсæгтæн   хиæмбæхсæн раттыны  процессы   æдас бæстæйы статус иуæй-иу  сæйраг инструмент у. Æдас бæстæтæ  сты, кæй æмбæстæгтæн  хиæмбæхсæн райсыны   тынг чысыл   шанс  ис.  Бæстæ  æдасыл нымад цæуы, кæд уый  æмбæлон у   цалдæр критеримæ, цахæмдæр сты   барадон ахаст, закъоны сæйрагдзинад,  иумæйаг политикон  аууæлттæ  æмæ цас  хъахъхъæд у  адæймаг  сурын æмæ тыхмидзинадæй.

Бæрæгдзырдæн, Германийы   парламенты дæллаг   палата, Бундестаг  Гуырдзыстоны æдас бæстæты  номхыгъдмæ  бахæссыны уынаффæ  рахаста 2019  азы  январы, фæлæ  уæллаг палатæ – Бундесрат  ацы  уынаффæ  не сфидар кодта.