Олаф Шольц – Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы æдас бæстæтыл нымайæм, сæ дыууæйы дæр фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын, нысанæмраст нæ уыдзæн æнхъæлц, ома  ацы бæстæты системон  æфхæрд цæуы
Олаф Шольц – Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы æдас бæстæтыл нымайæм, сæ дыууæйы дæр фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын, нысанæмраст нæ уыдзæн æнхъæлц, ома ацы бæстæты системон æфхæрд цæуы

Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы æдас бæстæтыл нымайæм. Сæ дыууæйы дæр фæнды Евроцæдисы  уæнгдзинад, уый тыххæй  дæр  нысанæмраст нæу, фенхъæлæм, цæмæй ацы  бæстæты  цæуы  системон æфхæрд – ый фæдыл  Германийы  канцлер, Олаф Шольц  рауагхдад «Шпигелимæ»  интервьюйы  райхъусын кодта.

Фарстыд, зæгъгæ хъуамæ  фылдæр хъусдардæй  уæд æви нæ Германи  уыдонмæ цæмæй чи æрбахизы  бæтæмæ æмæ кæмæн дæттынц  баззайыны бар, Германийы  канцлер  сдзуапп кодта, цæмæй   уыдон  нырид рагæй  аразынц  уый,ф æлæ  ныр  дырысдæр дифференцмрдзинад сæххæст кæндзысты.

«Иу æрдгæй цæуы кусæг тыхы  миграци, кæцы мах  хъæуы. Ис дзы  ахæмтæ дæр, кæцытæ хиæмбæхсæн агурынц, уымæн æмæ  уыдон политикон сурыны  нысæнттæ сты.  Иннæ рдгæй та, уый нысан кæнв, цæмæй ацы  къордтæм чи нæ  зауы  уыдонæн баззайын сæ бон нæ бауыдзæн.  Растдæр уый тыххæй арæн кæнæм  æнæзаконон миграци Германимæ.  Тынг бирæ адæм æрцæуы» – райхъусын кодта Олаф Шольц.

Фарстыл, зæгъгæ куыд хъавы  ацы нымæц фæкъаддæр кæнын, канцлер банысан кодта: «Мадзæлтты ног пакеты фæрцы.  Мах Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  æдас бæстæтыл нымайæм. Сæ дыууæйы дæр фæнды  Евроцæдисы уæнгсуæвын, уый тыххæй дæр  нысанæмраст нæу, фенхълæмæ цæмæй  ацы бæстæты системон æфхæрд  цæуы.  Мах тынгдæр кæнæм  Европæйы æддæ арæнты хъахъхъæд, цæмæй къаддæр адæймагæн уа йæ бон  Еропæмæ æрцæуын.  Евроцæдисы æрдзырдтам  ног солидарондзинады  механизмы фæдыл: лигхдæттæ регистрацийы уагхд хъуамæ уой  фыццаг бæстæйы, кæцымæ æрцæудзысты, Германимæ ауадзыны бæсты. Уый бæсты та,уыдоны  раст   райуардзысты  æппæт Еропæйы.   Ныфс дарæм, цæмæй  æввахс мæйты  европарламент сфидар кæндзæн ацы механизм».