Æхсæнадæмон доннортæ Молдовæйæн украинаг лигъдæтты райсынæн 695 милуан евро рауалдай кæндзысты
Молдовæйæн æхсæнадæмон доннортæ украинаг лигъдæтты райсынæн 695 милуан евро рауæлдай кæндзысты. «Дойче Велле» куыд фыссы афтæмæй, уый фæдыл Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Аналена Бербок румынаг æмæ францаг коллегæтимæ, афтæдæр Молдовæйы премьер-министримæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министримæ лæвæрд иуæймаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Германи дыццæджы сфысым кодта Молдовæйы æххуысы фæдыл ацæугæ æхсæнадæмон доннорты конференцийæн. Молдовæ иу удгоймаг æмбæстагыл сегасдæр фылдæр украинаг лигъдоны райста. Ацытæккæ Молдовæйы 100 мины онг украинаг лигъдон уæвы.
«Мах стыхджын кæндзыстæм Молдовæ финансон сферæйы дæр. Ацы этапмæ æрныхас кодтам баххуыс кæнæм Молдовæйæн кредиттæй, бюджетон æххуысæй æмæ æндæр финансон фæрæзтæй, 695 милуан евройы бæрц», – райхъусын кодта Бербок.
Уыимæ Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр райхъусын кодта, цæмæй европаг партнерты фæнды, баххуыс кæной Молдовæйæн Уæрæсйеыл бастдзинад фæкаддæр кæныны.