Æфтиæгты куыст – 1000-ы онг таможнæйы офицермæ коронавирус не фæбæрæг ис
Ног коронавирусыл (COVID-19) риск-къордты басгæрсты фæлгæтты, 1000-ы онг таможнæйы офицерæн сырæзт тестытæй басгæрст æмæ ацы рæстæгмæ ног коронавирус сæ иумæ дæр нæ фæбæрæг ис.
«Афтæма æфтиæгты куыст уын хъусын кæны, 31 майы цы цау сфиксир, уый у ныссыгъдæджын компанийы кусæг æмæ йын таможнæ-ацæуæн пункт «Садахло автомобилон»-ы территори ныммæрзын-ныссыгъдæг кæнын уыд йæ хæс. Фæнысангонд сылгоймагимæ таможнæты офицертæн, æмбæстæгтæн æмæ æндæр куыстыты минæвæрттæн контакт нæ уыд.
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды националон центримæ координиргондæй, коронавирусыл æххæстæй тестæй басгрæсты процесс, æндæр таможнæ-ауадзæн пунктты æмæ æфтиæгты куысты экономикон зонæты иудадзыгæй цæуы», – хъусын кæны æфтиæгты куыст.