Адерс фог Расмусен – Украинайæн хæцæнгарзы раттыны фæдыл Германийы гуызавæ Путинæн хæсты эскалацийы фадат  ратта
Адерс фог Расмусен – Украинайæн хæцæнгарзы раттыны фæдыл Германийы гуызавæ Путинæн хæсты эскалацийы фадат ратта

Украинайæн  хæцæнгарз адæттыны фæдыл  Германийы  гуызавæ, Путинæн  хæсты эскалацийы  фадат ратта, –  уый фæдыл  «ВВС»-ы  «Радио4»-æн лæвæрд интервьюйы НАТО-йы раздæры  генералон нымæрдар  Андерс Фог Расмусен   райхъусын кодта.

Андерс Фог Расмусен  куыд банысан кодта афтæмæй,   уый ницы логикон аргумент уыны  танкты арвитыны  фарстайыл Германийы кæнæ кæцыфæнды æндæр Европаг   бæстæйы ныхмæлæуды пайдайæн.

«Ма хъуамæ раттæм Путинæн  рæстæг  ног æбуалгъ стратегитæ  бакусынæн. Хъуамæ  тыхыбын бакæнæм уырыссæгты,  цæмæй  хихъахъхъæды режимæ ахизой», –  райхъусын кодта НАТО-ы раздæры генералон  нымæрдар.