Адæмон барты хъахъхъæнæг - Хицауад  фылдæр  хъусдардæй  хъуамæ  уа  Галы  цæрæг нæ  æмбæстæгты  уавæрмæ
Адæмон барты хъахъхъæнæг - Хицауад фылдæр хъусдардæй хъуамæ уа Галы цæрæг нæ æмбæстæгты уавæрмæ

Хицауад  фылдæр  хъусдардæй  хъуамæ  уа  Галы  цæрæг нæ  æмбæстæгты  уавæрмæ – уый фæдыл  адæймон барты  хъахъхъæнæг, Нино Ломджариа,  Ингурыл æрцæугæ   трагедийы тыххæй  райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,    зæгъгæ  бæрн, фыццаджы дæр æвæрд цæуы оккупацион  тыхтыл æмæ  де-факто  хицауадыл, фæлæ  Гуырдзыстоны  хицауады та æмбæстæгтæн   5  бонон карантинæй  ноджы уæлдай проблемæтæ сæвзæрын кодта.

«Сæйраг проблемæ  у уый æмæ  а.х. ахизæн пункттæ  стыр рæстæджы дæргъы  сты æхгæд.  Ацы тæккæ нæ дзырдæуы   æрмæст пандемийы тыххæй,  уæдмæ  дæр уыдис ацы  проблемæ, фæлæ   пандемийы рæстæджы  Галы  цæрæг  адæм, фактонæй  æххæст изоляцийы  сты.  Февралы,  хайгай фегом ис ахизæн  пункт  æрмæст хицæн  категорийы  адæймæгтæн æмæ уый  æгъгъæд нæу.  Арæнæвæрд куы нæ уыдис, ацы  ацæуæн пункты уылты  боны мидæг  1000-1500 адæймаг цыдис, абон та  20-30   адæймаг. Ахæм сты  хуымæтæг цифрæтæ æмæ уыдон нын æвдисынц  куыд  арæнгонд у  адæймæгты  змæлд.

Фыццаджы дæр уый у  оккупацион тыхты æмæ де-факто  хицауады  бæрн,  фæлæ  хъуыды кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны  хицауад  5 бонон  карантинæй  адæмæн ноджы уæлдай  проблемæ æмæ берьертæ сарызта.  Уыдон дæр,  ардæм рахизыны бар кæмæ уыдис,  сæхи уромынц, кæнæ та  дæрттыл зилгæ  фæндæгтæй  архайынц рахизын. Уый нæу  фыццаг цау.  Зондзыстут, фарон дыууæ æнаммонд   цау  уыдис.  Хицауад фылдæр хъусдардæй  хъуамæ уа Галы  цæрæг  нæ æмбæстæгты  уавæрмæ» –   райхъусын кодта  Нино Ломджариа.