Адæмон барты хъахъхъæнæг  æнæбындуронæй  схуыдта  тæрхондоны уынаффæ, кæцы «ТВ Пирвели»-ы æрмæг сисыны тыххæй  æрцыд лæвæрд
Адæмон барты хъахъхъæнæг æнæбындуронæй схуыдта тæрхондоны уынаффæ, кæцы «ТВ Пирвели»-ы æрмæг сисыны тыххæй æрцыд лæвæрд

Гуырдзыстоны адæмон  бартæ хъахъъхæнæг дзуры, цæмæй  тæрхондоны уынаффæ, кæцы  телекомпани «ТВ Пирвели»-ы  æрмæг сисыны тыххæй æрцыд лæвæрд,  аргументиргонд нæу  æмæ  нæбадгæ у Гуырдзыстоны закондæттынад æмæ  адæймаджы  барты европаг барадимæ –  уый фæдыл  банысангонд у  адæмон барты хъахъхъæнæг Нино Ломджариайы  фидиуæны.

Фидиуæны  куыд дзырдæуы  афтæмæй,   телекомпанийы ахæлиугонд  ныффыст, кæцымæ гæсгæ дæр Гуырдзыстоны прокуратурæ райдыдта фæдагуырд, самал кодтой  журналисты конфиденциалон   равзæрæны фæрцы.

«Журналисты бар, ма рахъæр кæна  информацийы равзæрæн  æмæ  фæдагуырдæн ма раргом кæна  профессион куысты рæстæджы  бафтгæ  информаци, фыццаджы дæр,  хъахъхъæд  у  мидзакондæттын7адæй.  Масмедийы,джигул-сисыны   сæххæст  гæнæн ис æрмæстдæр  ахæм цауты,   « æргом æмæ нæфæсайгæ аргументаци куы ис  цæмæй  фæнысангонд  фæдæвзарæг мадзæлттæ ауадзын, не суыдзæн   Гуырдзыстоны конституцийæ  хъахъхъæд, дзырды сæрибары бар хæлдæй» –  банысангонд у  фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,   тæрхондонæй  лæвæрд  дыууæфарсон   уынаффæйы бынтон ницы дзырд ис  уымæ гæсгæ, цы тæфаг ис гæнæн уа  ахæм мидисы  фæдæвзарæг  мадзæлттæн   журналисты дзырды æмæ  хъуыды равдысты  сæрибары хъахъхъæды   гъæдмæ, цæй тыххæй дæр   фæнысангон уынаффæ   процессон-барадон бындуры элементарон кæпхæнмæ  æмбæлгæ дæр нæу.

Уый тыххæй дæр,   Тбилисы горæты  тæрхондоны уынаффæ у  æнæбындур  куыд националон зæкондæттынадæй, афтæ – адæймаджы барты Европаг  барадмæ  гæсгæйæ.  Уый у иттæг уæззау прецедент, кæцыйы сыххæст гæнæн ис  серьозонæй  фæкуылымпы кæна  журналистты  куысты  сæрибарæй  сæххæст.

Гуырдзыстоны  адæмон барты хъахъхъæнæг  сиды Гуырдзыстоны генералон  прокуратурæмæ, ма  саразæт къахдзæф, кæцы уæззау цæф уыдзæн  дзырды сæрибарæн  æмæ  журналистон  куысты  сыххæстæн» –  банысангонд у  фидиуæны.