29 мартæй 2 апрелы  онг Гуырдзыстоны  территорийыл  æнхъæлмæкæсинаг  у   боныгъæды  уавæрты æваст  фæфыддæр
29 мартæй 2 апрелы онг Гуырдзыстоны территорийыл æнхъæлмæкæсинаг у боныгъæды уавæрты æваст фæфыддæр

Æрдзы националон агентады  информацийæ, 29 мартæй  2 апрелы онг   Гуырдзыстоны территорийыл  æнхъæлмæкæсинаг у  боныгъæды  виппайды  фæфыддæр.

Синоптикты прогнозæй  29 марты æхсæвæй  Сау  Денджызы  донбылыл æмæ Гуриа-Самегрелойы территорийы хицæн  районты,  æрмæст 29  марты  боны  дыккаг æрдæгæй   бæстæйы  территорийы  ылдæр рæтты   ныгуылæны   æрдæм дымдзæн , денджызыл æнехъæлмкæсинаг у  4-5  баллы йас  шторм, æрмæст уæлхох регионты та  тымыгъ.

30 матæй  2  апрелмæ   нысаниуæгджынæй  фæуазал уыдзæн. 31 марты  æмæ  фыццаг апрелы   æхсæвы сахатты    тæрфы  æмæ кæмтты   гæнæн ис   æппæррцаг   температурæ   сбæрæг уа.  30 мартæй   фыццаг  апрелы онг     уыдзæн дæлдзырæттæ,  ранæй-рæтты фидар, уæлхох рæтты   миты  хуызæй,  хицæн  регионты  гæнæн ис  аврнæрд æмæ  ихуард.

«Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ  гæнæн ис Гуырдзыстоны  цæугæдæтты   донивылдтытæ райдайа, бæстæйы  хохджын зонæты та   миты  зæйтæ  æмæ сыджытлæсæнт процессты  сæвзæрд-активаци.

Æнхъæлмæкæсинаг  фидар уад   гæнæн ис   бæстыхæйтты  уæлхæдзæрттæ,  электроадæттæн хаххыты,  бæлæсты æмæ   æндæр инфраструктурон объектты   базиан  кæна.  Уæлдæфы   æппæрццаг температурæ  æмæ  фидар    уад  негативонæй  фæзындзæнис   дидинæг æфтауыны  периоды  уæвæг  диргъхæссæг   бæлæстыл», –  хъусын кæнынц  æрдзы националон   агентады.