26 мартæй  27 марты сæумæрайсоммæ Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, уæлхох рæтты  та  митуарын æмæ тымыгъ
26 мартæй 27 марты сæумæрайсоммæ Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, уæлхох рæтты та митуарын æмæ тымыгъ

Æрдзы  националон агентад  Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг  боныгъæды фæдыл  информаци хъусын кæны.

Агентады хъусинагæй,   26 мартæй  27 марты  сæумæрайсоммæ,  Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, ныгулыæн Гуырдзыстоны иуæй-иу районты   фидар,  афтæма,  ныгуылæны æрдæм дымгæ,  уæлхох рæтты     гæнæн ис фæбæрæг уа  митуарын æмæ тымыгъ.

Денджызыл  æнхъæлмæкæсинаг у 3-4  баллы  тыхы   шторм.

Æрдзы националон агентады  хъусинагæй,  æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ,  Гуырдзыстоны  цæугæдæттыл  гæнæн ис, доны бæрзæнды  нысаниуæгджын рæзт,  ныгуылæны  Гуырдзыстоны  чысыл цæугæдæттыл донивылдтытæ,  къуыппытæ  зонæты  сыджыт-лæсæнон процессты  сæзæрд-активаци, уæлхох  регионты та  зæйты сæвзæрд расайа.

Стыр миты, тымыгъы, зæйазары  æмæ цæст дзæбæх кæй не взардзæн уый тыххæй, автомобилон фæндæгты  бæрæг фадгуытыл гæнæн ис  транспорты  змæлд арæнгонд уа.