13 январæй Гуырдзыстоны боныгъæд  æваст фæфыддæр уыдзæн
13 январæй Гуырдзыстоны боныгъæд æваст фæфыддæр уыдзæн

13-æй  17 январы  онг Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг у   боныгъæды  фæфыддæр –  уый фæдыл  æрдзы националон агентады хъусынк æнынц.

Сæрмагондæй  та,  æнхъæлмæкæсинаг  сты дæлдзырæттæ рæстæгæй-рæстæгмæ, фылдæр митуард, ранæй-рæтты  фидар, уæлдæфы температурæ  нысаниуæгджын фæуазал уыдзæн, фидар уад,  уæлхох  рæтты   фидар  митуард æмæ  тымыгъ.

Уыимæ  денджызыл  æнхъæлмæксинаг у 4-5 баллы  тыхы  шторм,  автомобилон фæндæгтыл  уыдзæн  кæлæх,  электроадæттæн хаххытæ ныссæлдзысты,   хохджын районты  уыдзæн зæйтæссаг уавæр.

«Автомобилон фæндæгтыл   стыр миты, тымыгъы, кæлæхы æмæ зæйтæссаг уавæры тыххæй,  гæнæн ис   арæнгонд уа   транспорты змæлд» –  хъусын кæнынц  æрдзы националон агентады.