Уэльс-Гуырдзыстон – 13:6
Уэльс-Гуырдзыстон – 13:6

 

Кардифы, Уэльсы сæйраг  стадионыл, «Принсипалити»-йыл  Гуырдзыстоны æмбырдгондæн  историон фембæлд, бынæттон æмбырдгонды ныхмæ  фæцис.  Гуырдзиаг регбисттæ фыццаг хатт æмбæлдысты  «драконтимæ».

Нæ къорды сæйраг тренер  Милтон Хег, æнæивгæ  скондæй  райдыдта матч, куыд иу къуырийы размæ  Канадæйы æмбырдгонды  ныхмæ куыд  хъазыдысты афтæ. Уэльс тренер Уорен  Гетланд та ацы матчмæ  ракодта 14 ног регбисты.

Æнæкæсгæ уымæ æмæ   фысымты  рæнхъыты   бирæ ног регбист уыдис, Уэльс  матч райдыдта тынг активонæй, фæлæ сæ  фыццаг  лело  бахастой  рæмæст 18 минутыл.  Стæй та  ноджы  æхсæз баллы  æрымбырд кодтой.

Фыццаг таймы Сосо Матиашвили фæцарæхстис æмæ   нæ æмбыргондæн  æртæ баллы æрхаста.  Дыккаг таймы  та йын  ноджы иу хатт бантыст  ивар ныццæвын æмæ та  радон 3 баллы  рхаста æмбырдгондæн. Рæстæг цыдис æмæ Гуырдзыстоны æмбырдгонд фылдæр æдæрсгæйæ  хъазыд, Уэльс та   зынтæй  цыдис  хъазт æмæ сын лелойы  шанс дæр къаддæр уыд. Фæлæ  куыддæриддæр фысымтæн ивары  шанс фæзындис, афтæмæй ныццавдтой  æмæ  матчы фæстаг  хыгъд сфиксир кодтой  13:6.

Матч рамбылдта Уэльсы æмбыргонд.