Националон Банкъ – цæстæнгас, цæвиттон «блумбергы» системæйы æрмæст дыууæ ставд банкъ архайы – раст нæу
Националон Банкъ «Блумбергы» базарадон системæйы банкъыты хайад райсты бæрæггæнæнтæ публикаци кæны.
Статистикæмæ гæсгæ, 2017 азы 2 январæй 31 октябры банымадæй, «Гуырыстоны Банкъыл» базарады 16,3 % цæуы, «Тибиси банъкыл» 15,5%, «Прокредитбанкъы» та 10.4%.
2 октябрæй 13 ноябры банымадæй, базарадты «Прокредитбанкъ» фæразæй ис, кæцы ахсы 14.4%. Дыккаг бынатыл ис «Сакартвелос Банкъи» (Гуырдзыстоны банкъ» 13,9 процентæй, æртыккагыл та «Тибиси Банкъ» 11.9 процентимæ.
«Гуырдызстоны валютон базар лидерализацигонд у æмæ сеппæты хуыздæр практикæмæ æмбæлгæйæ, бæстæйы валютон арæнвæрдтæ нæй. Уымæй бæрæг у, цæмæй цыфæнды юридикъон кæнæ физикъон уæнгæн йæ бон у æнæбæрцæй балхæна кæнæ ауæй кæна кæцыфæнды фæлютæ, финансон æхсæнылæгы фæрцы кæнæ æнæуымæй. Юридикъон уæнгтæ процессы сæйрагæйдæр финансон æхсæнылæгтæй – коммерцион банъкыты æмæ микрофинансон организациты фæрцы исынц хайад. Блумберг у базарадон системæ финансон институтты сæйраг базарадон платформæ, кæцыйæ æххæст цæуы, финансон инструментты балхæдуæй куыд мид, афтæ æхсæнадæмон базартыл.