Хицауады  æмæ  Националон банкъы   куысты  фæстиуæгæн, банкъон  системæйы  ссæрибар ис  700 милуан валютон ресурс,  кæцы æнæмæнгæй лæвæрд хъуамæ æрцæуа  нæ экономикæмæ
Хицауады æмæ Националон банкъы куысты фæстиуæгæн, банкъон системæйы ссæрибар ис 700 милуан валютон ресурс, кæцы æнæмæнгæй лæвæрд хъуамæ æрцæуа нæ экономикæмæ

-уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа   хицауады  рабадты размæ   райхъусын кодта.

«Координиргонд куысты  стæй дæр хъуамæ дарддæр кæнæм,  уымæн  æмæ экономикæйы  быцæусидтытæ  нын бирæ ис,  дæнцæн, ларийы  къурс,  кæцы, алчи хорз æмбарæм,  цæмæй  социалон   контексты  комкоммæ  æндавы  не  мбæстæгты  æрвылбойнон цардмæ.  Фæлæ мæ  фæнды   банысан кæнон, цæмæй  координиргонд куыст хицауад æмæ  Националон банкъы  æхæн,   сæ мандаттæм æмбæлæгæйæ адарддæр уыдзæн  æмæ æрвылбойнонæй уыдзæн ноджы  фылдæр эффектджын», –  банысан кодта   Гиорги Гахариа.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, националон банкъы æрдгæй  фæстаг периоды  рахæсгæ  уынаффæтимæн,  куыд  мыздлæвæрды рæзты, афтæ  интервенциты æмæ  фæсарæйнаг  валютæйы резервон   æркуырдты  фæкаддæр кæныны  фæдыл,  æххæстæй разы у  Гуырдзыстоны хицауад.