Тæрыны æвдисæндæртты ивды тыххæй, лæггады агентад уæлвæткъ режимæй кусы
Тæрыны æвдисæндæртты ивды тыххæй, лæггады агентад уæлвæткъ режимæй кусы

Мидхъуыддæгты министры  скуыддзагæй,   лæггады агентад декабры кæронмæ  ахиздзæн куысты уæлвæтк режиммæ  –   уый фæдыл   информацийы хæлиу кæны МХМ.

Уагдоны æмбарынгæнæнтæм гæсгæйæ,   фæнысангонд скуыддзагы  райстой лæккады агентады   сервис-центртимæ автомобилы  тæрыны бары æвдисæндар  раивын кæй  фæнды,  уыдоны  стыр нымæцы тыххæй.

«Лæккады  æнцонвадат скæныны  нысанæй,  кусæн бонты  æмæ сахатты  бæрц фæфылдæр уыдзæн  9 декабрæй лæггады  агентады  Тбилисы æмæ Руставы   филиалтæ  кусдзысты  æрвылбононæй  09:30 сахатæй  22:00 сахаты онг, æрмæст 11-æм декабрæй    регионты филиалтæ,   афтæдæр ахиздзысты   уæлвæткъ режиммæ  æмæ  æмбæстæгтн балæггад кæндзысты   сабаты  09:30  сахатæй  22:00 сахаты онг, хуыцаубоны та  – 10:00  сахатæй  18:00  сахаты онг» –  бансангонд у МХМ-ы  фидиуæны.

2018 азы   1  январæй,   юридикъон  тых  сафы  2006 азы  1 апрелы онг   Гуырдзыстоны  лæвæрд  тæрыны бары æвдисæндæрттæн.  Фæнысангонд ивд  не ндавы  нырыккон  стандарттæм  æмбæлон     пластикон æвдисæндæрттæ кæмæ ис  уыдонмæ.