МХМ Чохатаурийы æрцæугæ быцæуæмбæлды тыххæй фæдагуырд райдыдта къордон тыхмидзинады статийæ
Мидхъуыддæгты министрад Чохатаурийы æрцæугæ быæцудзинады тыххæй фæдагуырд райдыдта тугтæрхоны барады кодексы 126-æм стаийы фыццаг прима пунктæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары къордон тыхмидзинад.
«Националон Змæлды» информацийæ, Гуриамæ ныццæугæ «Националон Змæлды» уæнгтæм балæбурдтой «Картули Оцнебайы» уæнгтæ.
Партийы куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, быцæудзинад райдыдта «Иугонд Националон Змæлд» бынæттон цæрджытæн информацион брошюрæтæ куы дæтта æмæ скверы ауæй кæнын куы протест кодта уæд.
Фæнысангонд аххосагыл нæ сæтты «Картули Оцнебайы» горæты организацийы сæрдар, Сакребулойы сæрдар Ираклий Къучъава.
«Æз нæ дæн Чохатаурийы. Æмæ кардты цы федтон, «Карутли Оцнебайы» иунæг уæнг дæр нæ уыдис уым. Аграрон базары цур территорийыл æрцыд хыл. Къадрты зыны фракцийы сæрдар, кæцы федта ацы хабар, æмæ зыны, цæмæй йæхæдæг хайад нæ иста. Уыдоны фæнды, цæмæй «оцнебайы» æфсон фæкæной. «Оцнебайы уæнг æмæ депутат уым нæ уыд», – райхъусын кодта Ираклий Къучъава.