Страсбургы  тæрхондон сразы ис  Гуырдзыстоны домæнимæ, цæмæй Уæрæсе  2008 азы  августы  хæсты рæстæджы адæймаджы барты Европаг конвенцийы æнæ иу стати  фехæлдта
Страсбургы тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны домæнимæ, цæмæй Уæрæсе 2008 азы августы хæсты рæстæджы адæймаджы барты Европаг конвенцийы æнæ иу стати фехæлдта

2008 азы  хæсты хъуыддагыл  Страсбургы  тæрхондон  уынаффæ фехъусын кодта.  Гуырдзыстоны Юстицийы министрады  информацимæ гæсгæйæ,   адæймаджы  барты  Европаг Тæрхондон сразы ис  Гуырдзыстоны домæнимæ, цæмæй Уæрæсе  2008 азы  августы  хæсты рæстæджы адæймаджы барты Европаг конвенцийы æнæ иу стати  хæлдта.

«Тæрхондоны  Стыр Палатæйы æрдгæй  ацы  барадсастты   банымадæй  сбæлвырд ис, цæмæй  2008 азы августы хæсты рæстæджы Уæрæсе сæххæст кодта   гуырдзиæгты  этникон  æхсæст.

Страсбургы тæрхондон  сразы ис Гуырдзыстоны позициимæ  æмæ  гуырдзиаг æфсæддон уацайрæгты   æмæ гражданон уæнгты  хъизæмары, æнæтæригъæд  æмæ  джелбетт æфхæрæг  ахасты тыххæй Уæрæсейы  бæрн  банымадта.

Страсбургы тæрхондон  сразы ис Гуырдзыстоны позициимæ æмæ  сбæрæг кодта Уæрæсейы  бæрн  гражданон уæнгтæн сæрибардзинады бары æмæ æдасдзинады бар халыны  тыххæй.

Страсбургы  тæрхондон  сразы ис Гуырдзыстоны позициимæ æмæ сбæлвырд  кодта   Уæрæсейы  бæрн  хæсты рæстæджы Гуырдзыстоны æмбæстæгты  марындзинæдты фæд æнæравзарыны æмæ  ма ноджы бирæ æндæр  барасасты  тыххæй.

Ацы историон  уынаффæ уыдзæн сегасдæр  ахсджиаг мæцъис  Гуырдзыстонæн  æхсæнадæмон барадон  механизмты фæрцы  архайгæйæ  конфликтты  аскуыддзагы  æмæ территорион  æнæхъæндзинад сæндидзын кæнынæн» –  банысангонд у Юстицийы министрады  информацийы.