Шанаи Брукы марындзинады зылынмæ лæвæрд уæнгæн æфхæрды хуызæй стæрхон кодтой ахст
Австралийы æмбæстаг Шанаи Брук Эдуардсы разфæндгонд марныдзинады хъуыддагыл Рафаэл Мурсакуловæн æфхæрды мадзалæй стæрхон кодтой ахст.
Тæрхоныскуыд Тбилисы горæты тæрхондоны тæрхонгæнæг Арсен Къалатозишвили цъус рæстæг размæ рахаста.
Австралийы æмбæстаг Шанаи Брук Эдуардс, цæугæ азы 30 июлы фæтар ис. Шанаи Брукы мардыбуар Мтацъминдайы къуылдымыл 31 июлы ссардтой.
Барадхъахъхъæнджытæ Рафаэл Мурсакуловы 8 сентябры æрцахстой. Уымæн аххосаг бавдыстæуыд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 179-æм статийы фыццаг хайæ, 109-æм статийы фыццаг хайы «Г» æмæ æртыккаг хайы «Г» дæлпункттæй ( разфæндгонд марныдзинад, æндæр фыдракæнды бамбæхсын æмæ фыдракæнд фенцондæр кæныны нысанæн; хи пайдайæн) , кæцы æфхæрды хуызæй æмæ мадзалæй йæ хъуыдыйы дары 16-æй 20 азы онг кæнæ та æнæмгъуыд ахстæй æфхæрд.