Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилийыл  тыхмидзинады зылынмæ лæвæрд  ноджы иу уæнгæн фондзазон ахст стæрхон кодта
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилийыл тыхмидзинады зылынмæ лæвæрд ноджы иу уæнгæн фондзазон ахст стæрхон кодта

Тбилисы  горæты  тæрхондон  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы   оператор Илиа Твалиашвилийы  æмæ «ТВ Пирвели»-ы исæг къордыл (Миранда Багъатуриа, Лексо Лашкарава)  сыххæст  къордон   тыхмидзинады  хъуыддагыл тæрхоныскъуыд  райхъусын кодта.

Тæрхонгæнæг    Нино Элиешвили хъуыддаджы  зылынмæ лæвæрд уæнгты  иууылдæр аххосджынтыл банымадта æмæ сын фæндзгай азон ахстæй æфхæрд стæрхон кодта.

Тæрхонгæнæг, Илиа Твалиашвилийы  эпизодыл, зылынмæ лæвæрд Цотне Чихладзейæн  117-æм статийæ, æнæниздзинад   барæй  фуæззау базиан кæныны  квалификацис кодта 126-æ  статийæ, кæцы йæ  хуъыдыйы  дары  тыхмидзинад. Тæрхонгæнæджы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   фæнысангонд  уынаффæ   рахаста, уымæн æмæ  медицинон  экспертизæйы хатдзæг  хъуыддаджы бавдыст нæу.

Уыимæ  Гуырзыстоны Фыццаг Каналы   оператор Илиа Твалиашвилийы  ныхмæ  сæххæст  физикон   тыхмидзинады   дылынмæ лæвæрд ноджы  дыууæ уæнг – Гиорги Магърадзе  æмæ  Гиорги Цъаурашвилийы тæрхондон, зылынджынтыл банымадта.  Тæрхонгæнæг    Константине Копалиани  сын  иу афæдз æмæ æртæ мæййæ   ахст стæрхон кодта.