Шанаи Брукы  марындзинады зылынмæ лæвæрд уæнгæн  æфхæрды хуызæй стæрхон кодтой  ахст
Шанаи Брукы марындзинады зылынмæ лæвæрд уæнгæн æфхæрды хуызæй стæрхон кодтой ахст

Австралийы æмбæстаг Шанаи Брук Эдуардсы разфæндгонд марныдзинады  хъуыддагыл  Рафаэл  Мурсакуловæн  æфхæрды мадзалæй  стæрхон кодтой ахст.

Тæрхоныскуыд  Тбилисы горæты тæрхондоны тæрхонгæнæг  Арсен  Къалатозишвили цъус рæстæг размæ рахаста.

Австралийы æмбæстаг Шанаи Брук Эдуардс,  цæугæ азы  30 июлы  фæтар ис. Шанаи Брукы  мардыбуар  Мтацъминдайы къуылдымыл  31 июлы ссардтой.

Барадхъахъхъæнджытæ  Рафаэл Мурсакуловы  8 сентябры æрцахстой. Уымæн аххосаг бавдыстæуыд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы 179-æм статийы  фыццаг  хайæ, 109-æм статийы  фыццаг хайы  «Г»  æмæ æртыккаг хайы  «Г» дæлпункттæй ( разфæндгонд марныдзинад, æндæр фыдракæнды  бамбæхсын æмæ фыдракæнд фенцондæр кæныны нысанæн; хи пайдайæн) ,  кæцы  æфхæрды хуызæй æмæ  мадзалæй йæ  хъуыдыйы  дары  16-æй  20  азы онг  кæнæ та æнæмгъуыд  ахстæй æфхæрд.