Саломэ Зурабишвили –Уæрæсеимæ ахастыты хъуыддаджы техникон форматтæ ницæйаг сты
Саломэ Зурабишвили –Уæрæсеимæ ахастыты хъуыддаджы техникон форматтæ ницæйаг сты

Дохтыр Важа   Гаприндашвилийы   хъуыддаджы   алыварс  хорз  уынæм, куыд ницæйаг  сты  техникон форматтæ – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили  райхъусын кодта  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы  алæвæрд «Сæрибар Цæстæнгасы»  Женевæйы форматы тыххæй, афтæдæр  Уæрæсеимæ ахастыты фæдыл  фарсты  дзуаппæн.

Саломэ Зурабишвили куыд райхъусын кодта афтæмæй,   Гуырдзыстон  техникон форматты «аныгъуылд», ацы процесс дарддæр кæны фæлæ   ницы  ивы.

«Ныр  тынг хорз  æмбарæм, цæмæй  дохтыр  Важа Гаприндашвилийы  хъуыддаджы  алыварс куыд ницæйаг  сты  техникон форматтæ, ницы фæстиуæг ис, уымæн æмæ  бæрæг у, цæмæй  бюрократтæ  ацы  цауы не сты  политикон  скуыддзæгтæ райсын хъом.  Мах ацы  техникон  форматты кæмдæр ныффидар стæм,  фæлæ  уæддæр дарддæр кæнæм ацы  процесс,  фæстиуæг та нæй.  Мæ  фыццаг бонæй   æркуырдтон,  цæмæй  баусæм уыцы æрдæм  æмæ  политикон  масштаб раттæм,  уымæн æмæ реалонæй Женевæ  сæрæй  уыдис   политикон æмвæзадыл  æмæ стæй  æрхызтис  ацы  техникон æмвæзадмæ.  Дыккаг  у, партнертимæ,  æхсæнадæмон æмгарадимæ,  бакусæм ууыл, цæмæй   нæ кой  уа   алы   этапыл,   ныхас  куы  цæуы  Уæрæсейы  тыххæй  æмæ    се рдгæй  æндæр конфликттыл, уæд.  Дæнцæн,  Францы президентæн, куы  зыдтон  æмæ  мын  зæгъгæ дæр кодта Нормандиаг фембæлдты  кæй  хаъвыд   уый  тххæй,    уæд æнæ иу  хатт бакой  кодтон, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у  Гуырдызстоны  фарста æмæ  нæ  конфликт,    оккупацигонд  территориты  кой  дæр уа æхсæнадæмон æмвæзадыл.  Фæнысан кæнинаг  у, цæмæй  нæ дыууæфарсон форматы «Амилахварийы  диалогы»   форматы – Франц  тынг хорз райста  ацы  фарста  æмæ   бахахх кодта  растдæр  оккупацигонд территоритæ  уыц  терминтæй,   кæцытæй раздæр никуы  пайда кодта»,-  загъта Саломэ Зурабишвили.

Афтæма,  президенты  дзырдæй,   зæгъгæ дунейы   алцыппæт ивы  æмæ   алчи алкæйимæ  ныхас  кæны. Гуырдзыстон  реалонæй   нæ пайда кæны  алы  дипломативон  ресурсæй, Украина та, цæттæ у   алы  уæвæг  фадæттæй   спайда кæна.

«Мах кæнæ   хъуамæ  спайда  кæнæмæ алы   фадатæй,  кæнæ та  абон куыд  стæм афтæ  уæм æмæ уæд  фæзыны  фарст –   цымæ,  ницы  йæ бон у  хицауадæн,   цæмæй аскуыддзаг кæна ацы  хъуыддаг?  Мæ  фæлтæрддзинадæй,   дыууæ  цыдæр  зонын – кæнæ  хæст – кæнæ дипломатий, цæмæй ацы  фарста  аскуыддзаг кæнай. Æртыккаг фæндаг нæй.  Мах  цæуæм æртыккаг фæндагæй, уымæн æмæ   нæ  хæлæрттæй  курæм, спайда кæной   сæрмагонд  дипломативон   фæрæзтæ,   цæмæй  нын баххуыс  уой», –  банысан кодта Саломэ Зурабишвили.

Президент хъуыды кæны, цæмæй   дæнцæн  Гуырдзыстонæн  дзæбæх  уидаит  Нормандиаг типы формат.

«Дæнцæн, зæгъин, цæмæй,  кæд фадат уыдзæн,  Нормандиаг типы  формат бакусын,  кæцыйы  Гуырдзыстон  йæ  партнертимæ  иумæ  уыдзæн,  уымæн æмæ иунæгæй  бадзырдты тых  махмæ нæй,  æмæ  уый  тыххæй  цæмæй  бадзырдтæ  фæстиуæгджын уой ма хъуамæ  уай  æнæмсæр  уавæры,  кæцыйы  дæр  уыдзыстæм  ахæм цауы. Ацы æххуыс нæ тыхджын хъæуы, цæмæн  архайы  Украина  ахæм форматæй   æмæ цæмæн нæ аразы  бадзырдтæ  иунæгæй? Гæнæн ис  æрлæууа  афон,  æмæ комкоммæ  бадзырдтæ  бахъæуой, фæлæ мах   хъуамæ райдайæм  ацы  фадат агурын æмæ нæм куы æрбафта  уæд   тыхджын дзæбæх уаид.  Мах  ноджы  иу хатт хъуамæ  бацагурæм алы хуызы   фадат, уый тыххæй, цæмæй  аскуыддзаг кæнæм ситуаци», –  банысан кодта Саломэ Зурабишвили.

Афæтма,  президент куыд дзуры  уымæ гæсгæ,   диалог æмæ  бадзырдтæ  нæ нысан кæнынц  уый  æмæ искæмæн исты уæлдай  уадзæм.

Афтæма президенты  дзырдæй,  зæгъгæ  æнæмæнгхъæугæ сты   Женевæйы, Абашидзе-Карасины форматтæ, уымæн æмæ  æндæр ницы  ис.