Никол Пашинян хъусын кæны, цæмæй Уæлхох Карабахы хæстон архæйдты баурæды фæдыл бадзырд бафыста
Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы æмæ Азербайджаны президенттимæ къух бафыста бадзырдыл, кæцы Уæлхох Карабахы хæстон архæйдты бауромын дары йæ хъуыдыйы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ацы ситуацийы уый у сегасдæр хуыздæр уынаффæ, кæцы æфсæддон уавæры лæмбынæг анализы æмæ уыцы адæймæгты аргълæвæрды фæстиуæгæн рахаста, кæцытæ дзæбæх æмбарынц цы уавæр ис бынатыл.
«Ай нæу уæлахиздзинад, фæлæ нæй саст уæдмæ, цалынмæ дæхи хуыздæр нæ базонæй уæдмæ. Нæхи никуы базондзыстæм æмæ уый хъуамæ уа райдайæн нæ националон иудзинадæн, сæндидзины эрæ.
Хъæуы нæ, цæмæй хæдбарады азтæ лæмбынæг æркæсæм,, цæмæй фидæн спълан кæнæм æмæ ивгъуыды рæдыдтытæ мауал сфæлхатт кæнæм.
Мæ сæр гуыбыр кæнын нæ æфсæддæтты раз, сæ царды аргъæй фыдыбæстæйы сæрыл чи хæцыд æмæ йæхи чи снывонд кодта, афтæма амæттагы æмæ сæ хæстæджыты раз. Кæронмæ тох кæндзыстæм æмæ фæуæлахиз уыдзыстæм. Хуыцауы арфæйæ хайджын уæд Сомихыстон æмæ Арцах», – фыссы Никол Пашинян социалон хызагы.