Никол Пашинян  хъусын кæны, цæмæй Уæлхох Карабахы  хæстон архæйдты  баурæды фæдыл бадзырд бафыста
Никол Пашинян хъусын кæны, цæмæй Уæлхох Карабахы хæстон архæйдты баурæды фæдыл бадзырд бафыста

Сомихыстоны  премьер-министр  Никол Пашинян   хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы æмæ  Азербайджаны   президенттимæ къух бафыста  бадзырдыл, кæцы  Уæлхох Карабахы   хæстон  архæйдты  бауромын  дары  йæ  хъуыдыйы.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ ацы ситуацийы   уый  у  сегасдæр хуыздæр  уынаффæ, кæцы  æфсæддон уавæры  лæмбынæг анализы  æмæ   уыцы  адæймæгты  аргълæвæрды  фæстиуæгæн   рахаста, кæцытæ   дзæбæх æмбарынц  цы  уавæр ис   бынатыл.

«Ай нæу  уæлахиздзинад, фæлæ  нæй  саст  уæдмæ,  цалынмæ  дæхи  хуыздæр нæ базонæй  уæдмæ.  Нæхи никуы  базондзыстæм  æмæ  уый хъуамæ  уа   райдайæн нæ националон иудзинадæн, сæндидзины   эрæ.

Хъæуы нæ, цæмæй    хæдбарады    азтæ  лæмбынæг æркæсæм,,  цæмæй  фидæн  спълан кæнæм  æмæ  ивгъуыды  рæдыдтытæ  мауал сфæлхатт кæнæм.

Мæ сæр гуыбыр кæнын  нæ æфсæддæтты раз, сæ  царды аргъæй фыдыбæстæйы   сæрыл  чи хæцыд  æмæ   йæхи чи снывонд кодта, афтæма  амæттагы  æмæ сæ  хæстæджыты раз. Кæронмæ  тох кæндзыстæм  æмæ фæуæлахиз уыдзыстæм. Хуыцауы арфæйæ хайджын уæд Сомихыстон æмæ  Арцах», – фыссы  Никол Пашинян  социалон хызагы.