Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашиняны æмæ Ираны президент, Ибрагим Раисийы æхæсн телефонон дзырд ацыд. Фарсытæ дыууæфарсон æмæ регионон æмгуыстады фарстатæ æркастысты, ныхас уыд 3+3 форматы платформæйыл дæр.
Сомихыстоны хицауады сæрдар æмæ Ираны президент æркастысты дыууæ бæстæйы æхсæн, афтæма регионы бæстæты æхсæн фæндагон æмæ æфсæнæндагон маршрутты райрæзт.
«Ираны исламон республикæ йæ фарс хæцы кæцыфæнды архайд æмæ платформæйæн, кæцы фегом кæндзæн Сомихыстоны Кавказы регионы коммуникацийы фæндæгтæ æмæ инфраструктурæ, иурæстæгонæй цыт кæнæм алы бæстæйы националон севренитетæн æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, аргъ кæны уымæн куыд сабырад стынг кæныны æмæ сыхæгты интерестæ сифтонг кæныны æрдæм арыт эффективон къахдзæфæн афтæ.
Ираны президенты пресскуысты хъусинагæй, Ибрагим Раиси аргъ скодта Каввказæн, куыд нысаниуæгджын регионæн, кæцыйы æнæмæнгхъæугæ у уа сабырад. Уый ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй ацы Кавказ ма хъуамæ суа, æндæр бæстæтæн конкуренцийы быдырæй.
«Ираны æддагон политикæ Кавказмæ гæсгæ фиксиргонд æмæ ифтонггонд хъуамæ уа, цæмæй Кавказы регион ма феста æнæрегионон бæстæты конкуренцийы быдырæй æмæ цæмæй йæ фарстатæ алыг уа ацы регионы бæстæты тыхтæй, æнæ æддаг тыхты æмхайадæй» – райхъусын кодта Раиси.
Ираны президент афтæдæр æнтыстджынæй æмæ регионон æмгуыстад стынг кæныны æмæ регионы бæстæты æхсæн ахастытæ нормализацийы æрдгæй конструктивон къахдзæфæйысхуыдта Тегераны уагъд 3+3 пллатформæйы фембæлд.