Никол Пашинян – мах бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдæн, ома хайбавæрд скæна регионон, æхсæнадæмон стабилондзинад æмæ сабырадмæ баххæссыны хъуыддаджы
Фæцарæхстытæм, Сомихыстон-Гуырдзыстоны æхсæн бафыссын æппæтылæххæссæг æмгуыстад алы сферæйы. Уый хуыздæр бæрæггæнæн у, цæмæй ацы азы январы нæ бæстæты æмгуыстады ысхызтис бирæ бæрзонддæр, стратегион партнерады æмвæзадмæ – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
Пашиняны дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстон æнæуæлдайныхасæй банымадтой кæрæдзийы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уый у иуæй-иу нысаниуæгджын фактор, цæмæй баххæсдæуæа стабилондзинад æмæ дæргъвæтин, æнæфæцудгæ сабырад Хуссар Кавказы.
Уыимæ Пашинян куыд райхъусын кодта афтæмæй, Ираклий Къобахидзеимæ хицæн фембæлдыл фæныхас кодтой рæнхъ фарстатыл, кæцытæ æххæссынц лæргъвæтин сабырадмæ баххæссынмæ æмæ регионы стабилондзинад стынг кæнынмæ.
«Æцæгдæр нæ уырны, цæмæй нын ис историон фадат, рафæлдахæм конфликтты сæр Хуссар Кавказы æмæ саразæм æнæцудгæ сабырад нæ регионы. Афтæма уырнæг дæн, цæмæй ацы сабырады бенефициартæ, æнæрмæст Сомихыстон æмæАЗербайджан сты, фæлæ Гуырдзыстон, Турк æмæ Иран дæр райсдзысты пайда æмбæрцæй. Уый тыххæй, алы зындзинадмæ нæкæсгæ, нæ хицауад хъæддых æмæ нæффæлайгæ адарддæр кæндзæн алы тыхархайыд цæмæй сабырад регионы уа гæнæн. Мах бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстоны тыхархайдæн, цæмæй хайбавæрд скæна регионон, æхсæнадæмон стабилондзинады æмæ сабырадмæ баххæссыны хъуыддаджы», – загъта Никол Пашинян.
Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Гуырдзыстонмæ абон æрцыд.