Натиа Турнава – Гуырдзыстоны авиацион  базарыл архайæг 36  компанийæ, 18-æй  тахтытæ сног  кæныны фæндон равдыстой
Натиа Турнава – Гуырдзыстоны авиацион базарыл архайæг 36 компанийæ, 18-æй тахтытæ сног кæныны фæндон равдыстой

Гуырдзыстоны фыццаг июлæй  цæттæ уыдзæн  æхсæнадæмон бæлццонтæ райсын.  Абон экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министрады,   министр  Натиа  Турнавайы   къухдариуæгæй   ацыд фембæлд   фæнысангонд уагдоны   системæмæ хаугæ  транспортон   сферæйы    регулиргæнæг  куыстыты  къухдариуæггæнджытимæ.

Фембæлдыл æркастытсты   туризмы  сеткор скусын кæнынмæ цæттæдзинады   процесс,  конкретонæй  та бæлццæтты  æдас  змæлдæн,  æнæнизхъахъхъæды  министрады  рекомендациты  æмблæгæйæ  бакуыст  куыд  уæлдæфон, афтæ  сурзæххон  горæтты æхсæн  транспортæй æмæ æфсæнвæндагæй,  афтæдæр   бæлццæтты  транспортацийы бынæтты  æмбæлгæ  инфраструктурæ скусын кæнын.

«Абон мах  æркастыстæм,  куыд  хъуамæ  бацæттæ  кæнæм алы транспортон  фадыг  уымæ, цæмæй максималонæй  æдасæй, фæлæ  кофортонæй бахъом уа, нæхи æмæ фæсарæйнаг æмбæст æгы   ласын. Фехъусытам конкретон пълантæ.  Сæрмагондæй нысаниуæгджын сты  бадзырдтæ,  кæцытæ  уадзæм æндæр æмæ æндæр    авиацион компаниимæ.  36  авиацион  компанийæ,  кæцытæ  нæ  базарыл архайынц,   18-имæ  нырид  рагафойнон   бардзырд ис, кæцымæ  гæсгæ,  уыдон сног кæндзысты  тахтытæ.  Цæй  зæгъын æй хъæуы,  уый  размæ  уыд  нæ дипломативон  каналтæй   æхсæнпаддзахадон  бадзырдтæ   æдас  къæлидортæ  скусын кæныны  принципы фæдыл, фæлæ  сегасдæр сæйраг уый у æмæ,  авиакомпанитæ  цæттæ сты  фыццаг  индикацимæ æмбæлгæйæ,   сног кæной тахтытæ.   Ардгæй  та  бæрæг у  уый цæмæй  мах цæттæ уыдзыстæм   туристон сезон бакæнынмæ» – райхъусын кодта  Натиа Турнава.

Министры дзырдæй,  алы  мидицинон   гайдлайны æххæст кæнын  уыдзæн нысаниуæгджын разæууæл  уый тыххæй, цæмæй  Гуырдзыстоны туристон сезон    ног реалондзинады  уавæрты  байгом уа.

Информацийы ахæлиу  кодта  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ   рæзынады мсинистрад.