Натиа Турнава  АИШ-ы  ног минæвар Робин Данниганимæ фембæлдис
Натиа Турнава АИШ-ы ног минæвар Робин Данниганимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны Национ Банкы  президенты  хстæ æххæстгæнæг  Натиа Турнава  Гуырдзыстоны  АИШ-ы  ног минæвар  Робин Данниганимæ фембæлдис.

Национ Банкы информацийæ,  базонгæйы равгы фембæлдыл  дзырд уыдис дыууæ бæстæйы æхсæн   уæвг   тсратегион  партнерады  нысаниуæгыл  æмæ  æмгуыстад фæарфдæры перспективæтыл.  Банысан ис  цæмæй Америкæй иугонд штаттæ   кæддæриддæр  уыдысты æмæ   сты  Гуырдзыстоны  иттæг нысаниуæгджын стратегион партнер.

Натиа Турнава  АИШ-ы ног минæарæн  базонын кодта гуырдзиаг финансон секторы  уæвæг   уавæр  æмæ цæугæ  проекттæ.   Фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис  æхсæнадæмон валютон фонды  программæйы  цыбырдæр æмгъуыдтæм   сног кæныныл.

«Фæныхс кодтам Национ Банкы æмæ АИШ-ы  минæварады, АИШ-ы  æхсæнадæмон райрæзты  агентады (USAID) æхсæн   æнгом ахастыты æмæ   æмгуыстадыл. Национ Банкæн активон æмгуыстад ис USAID-имæ  æндæр æмæ æндæр æрдгæй  æмæ мæ фæнды бузныг зæгъын  АИШ-ы  хицауадæн,  АИШ-ы минæварадæн æмæ америкаг адæмæн   Гуырдзыстоны  цæугæ реформæтæн азты дæргы  æххуысы  тыххæй.  АИШ-ы  минæваримæ фембæлдыл æрдзырдтам, цæмæй фидæны дæр активонæй адарддæр кæндзыстæм кординацидзинад æмæ  æмгуыстад» –  банысан кодта Натиа Турнава.