Натиа Турнава – Санкциты сæххæсты уагы ивддзинад  нæу конкретон нæмтты, мыггæгты сæрылдзурынæн, ацы уынаффæ  бахъахъхъндзæн Гуырдзыстоны кæцыфæнды æмбæстагы конституцион бартæ
Натиа Турнава – Санкциты сæххæсты уагы ивддзинад нæу конкретон нæмтты, мыггæгты сæрылдзурынæн, ацы уынаффæ бахъахъхъндзæн Гуырдзыстоны кæцыфæнды æмбæстагы конституцион бартæ

Гуырдзыстон æмæ  йæ финансон систмæ никуы  фестдзæн санкцитæй  хиаиуварс кæныны бынатæй, махæн тынг  фидар   мониторингы  системæ ис  æмæ æхсæнадæмон партнерты æрдгæй  æнæиу аргълæвæрд растам уый тыхæй, мах æмæ нæ  банкон системæ.  Æхсæнадæмон хысистыты иузæрдыг стæм – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Национ Банкы  президенты  хæстæ æххæстгæнæг  Натиа Турнава  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ санкциты сæххæст  хъауджы уаг, кæцыйы Национ Банк  бакуыста, æрмæстдæр Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм æххæссы.

«Национ Банкы æмæ нæ барамындæй. Гуырдзиаг финансон системæ фыццаг бонæй   æххæст кодта æмæ  æххæст кæндзæн æхсæнадæмон  хæсистытæ.

Гуырдзыстон æмæ  йæ финансон систмæ никуы  фестдзæн санкцитæй  хиаиуварс кæныны бынатæй, махæн тынг  фидар   мониторингы  системæ ис  æмæ æхсæнадæмон партнерты æрдгæй  æнæиу аргълæвæрд растам уый тыхæй, мах æмæ нæ  банкон системæ.  Æхсæнадæмон хысистыты иузæрдыг стæм æмæ  тынг æнгом æмкуыст кæнæм  нæ æхсæнадæмон партнертимæ, афтæма алы банкон нститутимæ.

Банкон институттæн ис тынг дырыс æхсæнадæмон хæситытæ, кæцытæ  афтæдæр æнæфæзилгæйæ  сæххæст уыдзысты.  Уынаффæ рахастам  уый тыххæй, æмæ   сæвзæрдис  прецедент, ома  санкциты  сæххæст баххæссыд Гуырдзыстоны æмбæстагмæ.  Нæ уынаффæ дæр  прецедентон у  æмæ  баххæсдзæн Гуырдзыстоны  алы æмбæстагмæ.  Санкциргонд Гуырдзыстоны æмбæстæгты тыххæй  санкциты  сыххæсты хъауджыгонд уаг  сфидар кодтам. Ацы уагæй бæрæг  санкциты режимæ æххæссы Гуырдзыстоны æмбæстагмæ æмæ сæ арызт юридикон  уæнгтæм æрмæстдæр уæд, кæд  се рдæм архайæг  санкциты  бындуры фæдыл  хаст у Гуырдзыстоны тæрхондоны  закъонмæ бахизгæ  зылынгæнæг  уынаффæ. Афтæма нæ бардзырды хай у æмæ дырыс банысангонд у, цæмæй  Гуырдзыстоны Национ Банк  хæсджын у цæстдарды процессы, фыдракæнды миниуджытæ рабæрæг кæныны цауы,  æнæаргъæвгæйæ  фехъусын кæны барадхъахъхъæнæг æмæ æндæр   æмбæлгæ структурæтæн дарддæры реагир кæнынæн. Ацы ивддзинад æххæссы æрмæстдæр Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, нæ  ххæссы  кæцыфæнды конкретон гоймагмæ.

Махæн ницы уæлдай у  санкциргонд Гуырдзыстоны  æмбæстагы  ном æмæ мыгаг.  Уый тыххæй дæр, уайтагъд дзурын, цæмæй ацы уынаффæ раст, сбæттой  кæцыдæр конкретон  гоймагы интерестæ бахъахъхъæнынимæ æмæ санкцитæй  аиуварс кæнынимæ,  уыдзæн ацы  уынаффæйы политизацийы  архайд. Мах стæм суверенон  паддзахады национ институци,  æххæст æмæ цыт кæнæм  алы æхсæнадæмон хæсистæн, фæлæ нæ архæйдтыты  къухадриуæг кæнæм   Гуырдзыстоны  конституцийæ, Гуырдзыстоны  закъондæттынадæй.

Умæ æмбæлгæйæ  дæр, æхсæнадæмон санкциты сыххæсты процессы, хъуыддаг  куы æххæссы кæнæ  та баххæсдзæн  Гуырдзыстоны  кæцыфæнды æмбæстагæ,  кæцы гæнæн ис ахæм уавæры бахауа, нæ  хæс у, санкцийы сыххæсты процессы оæмбынæг хъахъхъæд уа  конституцийæ  бæрæг фундаментон  бартæ  æмæ сæххæст æрцæуа  констицимæ,   закхондæттандмæ æмбæлгйæйæ. Уый у нæ уынаффæйы  сæйраг бындур.   Растдæр уый тыххæй  æмбæлгæ  фæдырыс  уыд хаст  санкциты сыххæст уагмæ.  Ноджы иу хатт дзурын, ацы уынаффæ  нæу искæй   бахъахъхъæнынæн  æмæ   конкретон нæмттæ æмæ   мыггæгты   адæймæгты пайдайæн. Ацы уынаффæ  бахъахъъхæндзæн  Гуырдзыстоны  кæцыфæнды æмбæстагы  конституцион бартæ. Цалынмæ йæ тыхмæ нæ бахиздзæн  фæнысангонд  адæймагы ныхмæ хаст зылынгæнæг тæрхоныскъуыд, санкциты сыххæст уæдмæ  ацы этапыл уыдзæн урæд.  Цæй зæгъын æй хъæуы  уый фæстæ  санкциты  сæххæст  æрцæудзæн  хуымæтæг форматы» райхъусын кодта Турнава.