МХМ-ы адарддæр уыдзæн Хоравайы  уынгыл æрцæугæ марындзинады  хъуыддаджы  æвдисæнты æрфарст
МХМ-ы адарддæр уыдзæн Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддаджы æвдисæнты æрфарст

Мидхъуыддæгты  министрады, Хоравайы уынгыл  æрцæугæ  марындзинады   хъуыддагыл  æнахъомты   æрфарст   абон адарддæр уыдзæн.   Уый фæдыл   информаци   Фыццаг Къаналæн  фехъусын кодтой  МХМ-ы  пресс-куысты.

Уагдоны хъусинагæй, æвдисæнты  æрфарст  13:00  сахатæй  райдайдзæн.

Æвдисæнты  МХМ-ы   знон дæр æрфарстой.  Фæдæвзарæг  уагдоны  уыдысты 51-аг скъолайы  фондз   æнахъом æмæ иу педагог. Сæ  фондз  æнахъом дæр инциденты рæстæджы  уыдысты   Хоравайы  уынгыл.  Се рфарст аххæссыд  æхсæз сахаты бæрц.

МХМ-ы  централон   криминалон   полицийы департаменты   директор  Владимер  Борцвадзе 1-аг ибны  брифингыл райхъусын кодта,  цæмæй  МХМ   æвзары   тугтæрхоны  барады  хъуыддаджы  уыцы  уæлæмхас  аууæлттæ рабæрæг кæнынæн,   кæцы  марындзинады  сæйраг  хъуыддаджы   тæрхоны процессы  фæбæрæг сты.

Уæдмæ та премьер-министр   Гиорги Квирикашвили   райхъусын кодта,  рма  Хоравайы  уынгыл   æрцугæ    марындзинады  хъуыддаджы фæдæвзарæн,  прокуратурæйæ  Мидхъуыддæгты министрадмæ   æрыздæхдзæн.

Хоравайы  уынгыл    æрцæугæ   мрындзинады хъуыддаджы  зылынмæ   лæвæрдтæн  10  æмæ   æхсæз мæй, æмæ  9 аз  æмæ 9 мæййæ   ахст  стæрхон кодтой.

Ацы хъуыддагыл  тæрхондон  тæрхоныскуыд рахаста  31  майы   рабадтыл.

Тбилисы  Хоравайы   уынгыл    дыууæ  æнахъомы  2017 азы  фыццаг декабры   фæцæф кодтой.Иу  æнахъом  æрбамард  рынчындонмæ бакæныны онг, иннæ  та   дохтырты  архæйдтæм æмæ цалдæр операцимæ æнæкæсгæ,  2  декабры  рынчындоны  амард.