МХМ - Курæг стæм  дзыллæйæ,  æмбæстæгты балтæй арæны  делимитацийы  камистæн сабыр уавæры кусын адарддæр кæныны фадат раттæнт
МХМ - Курæг стæм дзыллæйæ, æмбæстæгты балтæй арæны делимитацийы камистæн сабыр уавæры кусын адарддæр кæныны фадат раттæнт

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад  сиды  дзыллæмæ,  æмбæстæгты балтæм,   раттæнт  Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны   паддзахадон   арæны   делимитацийы  камистæн   сабыр уавæрты  кусын адарддæры  фадат.

Мидхъуыддæгты министрады  куыд  хъусын кæнынц,  афтæмæй  Гуырдзыстон-Азербайджаны   арæны  Давит-Гареджийы   фадыгыл   æрцыд  чысыл  инцидент бынæттонты æмæ азербайджайнаг   арæнхъахъъхæнджыты æхсæн. Фæлæ   уавæр афоныл  æрсабыр ис.

Афтæма МХМ-ы  информацийæ,  факты  бацахуыр   нырид райдыдта.

«Курæг стæм  дзыллæйæ,  æмбæстæгты балтæй арæны  делимитацийы  камистæн сабыр уавæры  кусын адарддæр кæныны   фадат раттæнт,  цæмæй  афоныл  бахъом  уæм   бадзырдмæ æрцæуын»,-  банысан кодтой  уагдоны.

Социалон  хызагы   знон  ахæлиу ис  видео-æмæг, кæцыйы мидæг æвдыст у, æмæй Давит Гареджийы, арæйнон   фадыгыл    арæнхъахъхъæнджыты æмæ  бынæттон цæрджыты  æхсæн чысыл  инцидент æрцыд.  Давит Гареджеийы  кусæг  гиды  информацийæ,   конфликты  аххос   азербайджайнаг арæнхъахъхъæнджыты æрдгæй   аргъуанæй   дзуæртты   æвварстæй   рахæссын ссис, кæцы  бынæтттонты  протест расайдта.  Фæлæ  афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   проблемæ  цыбыр рæстæгмæ  аскъуыддзаг ис.